Курт Волкеры хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстонмæ ис фадат суа НАТО-йы уæнг, йæ территоритæ Уæрæсейы оккупаци бын куы сты  уымæ нæкæсгæ
Курт Волкеры хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстонмæ ис фадат суа НАТО-йы уæнг, йæ территоритæ Уæрæсейы оккупаци бын куы сты уымæ нæкæсгæ

АИШ-ы паддзахадон департаменты раздæры  специалон  минæвар Курт Волкеры хъуыдымæ гæсгæ,  Гуырдзыстонмæ ис фадат суа НАТО-йы  уæнг, нæкæсгæ уымæ, цæмæй  йæ территориты хай  Уæрæсейы оккупацийы бын сты.  Уый фæдыл Волкер райхъусын кодта «Европейская Правда»-имæ интервьюйы.

Йæ дзырдæй, зæгъгæ уый гæнæн ис,  «Расмусены формулæйæ»,  кæцыйы  дыууæ азы размæ  НАТО-йы раздæры генералон нымæрдар  Андерс фог Расмусен  бавдыста.

«Гуырдзыстон æмæ НАТО-ы  фехъусын кæндзысты, цæмæй нæдæр Гуырдзыстон æмæ нæдæр НАТО  не сты разы Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны  æрыздахынæн  тыхон операци ауадзын, фæлæ  йæ фарс хæцынц  сабырадон интеграцийæн  Гуырдзыстоны.  Уыимæ иумæ,   цæуы  бадзырдтæ  Гуырдзыстоны НАТО-йы  уæнг суæвыны фæдыл уыцы  бадзырдæй, ома НАТО-ы уагæвæрды фæндзæм стати ахæлиу уыдзæн  æрмæст Гуырдзыстоны хицауады  контролгонд территорийыл, æрмæст Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоныл  фæнысангонд стати ахæлиу уыдзæн, уыдоны  сабырадон фæндагæй  Гуырдзыстонмæ реинтеграци куы æрцæудзæн уый фæстæ.  Кæнæ та, Гуырдзыстонæн формулæ  ис», –   райхъусын кодта Волкер.

Уый æддæмæ ма Волкеры дзырдæй,   Украинайы цауы  ацы  формулæ  нæ кусдзæни, уымæн æмæ Уæрæсе  йæ архæйдтытæй  ахæм фадат  скуынæг кодта.

«Уый тыххæй дæр  Украина  хъуамæ адарддæр кæна  хæцын, цæмæй æрыздаха йæхимæ сæрмагонд зæхх.  Украинайы территориты  хайы Уæрæсейы оккупацийы бын ныууадзын тæссаг у.  Уый у,  цы хъусын мæ украинаг хæлæрттæй æмæ коллегæтæй.  Кæнæ та Украина  дарддæр кæндзæн хæст.  Фæлæ  кæцыдæр моменты  сабырдзинад куы сфидар уа,  уæд Расмусены формулæ  скусдзæни», – загъта Курт Волкер.

Афтæма  йæ дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсе Украинайы цы хæст райдыдта уымæй  сбæрæг ис, ома Европæйы нейтралон æмæ  блок-æддæ  паддзахадæй   уæвын у  тæссаг.

«Æнæруадзгæ у, цæмæй хæст кæрон скæныны моментмæ баззайа  а.х.  фæныкгъуыз  зонæтæ, цæмæй  Уæрæсе  та  фенхъæла, цæмæй  сæм ныббырсын у йæ бон.  Уый тыххæй  дæр  хæсты кæрон скæныны фæстæ  ацы  фарстамæ хъуамæ рыздæхæм, Украина та хъуамæ суа НАТО-ы  уæнг», – райхъусын кодта АИШ-ы  паддзахадон  департаменты раздæры  специалон минæвар.