Курт Волкер – Ныфс мæ ис, цæмæй æвзарæнон  закъондæттынады пропорцион системæйæ  ивдæй  спайда кæндзысты æхсæнад, оппозици, хицауад, цæмæй  Гуырдзыстоны  демократи фæтыхджындæр уа
Курт Волкер – Ныфс мæ ис, цæмæй æвзарæнон закъондæттынады пропорцион системæйæ ивдæй спайда кæндзысты æхсæнад, оппозици, хицауад, цæмæй Гуырдзыстоны демократи фæтыхджындæр уа

2008 азы  августы хæст Уæрæсейы интервенци æмæ Гуырдзыстоны территориты  оккупаци   нæ  фæцис.   Агресси  абон дæр дарддæр кæны  æндæр æмæ æндæр формæйæ –  «бордеризацийæ» æмæ  ног территориты ратонынæй,  æхсæнадмæ хъомысдарынад дарддæргæнгæйæ – уый фæдыл  «Маккейны институты»  æххæстгæнæг директор Курт Волкер  Тбилисы  экономикон политикæ иртасаг центры æмæ Маккейны  Институты  организацигонд, радæй фæндзæм æхсæнадæмон конференцийыл райхъусын кодта.

«Æхсæнадæмон делегацийы уæнгты хаймæ, кæцытæ  знон  оккупацион хаххы цур уыдыстæм,  уыдис нæм фадат,   федтаиккам  хаххы иннæ  фарс  ФСБ-ы базæ æмæ  йæ  сæрты фæйлауæг уырыссаг тырыса. Мæнæ  ахæм у  уавæр  Гуырдзыстоны  абон,   æрвылбойнонæй», –   райхъусын кодта Волкер.

Курт Волкеры дзырдæй,  2019 азы  Тбилисы æхсæнадæмон конференци  хицæн кæны   цалдæр аххосæй.  Сæрмагондæй   уымæй,  цæмæй   ай у фæндзæм конференци æмæ дзы  хайад исы  сенатор, Джон Маккейны  бинонты уæнг –  Синди Маккейн. Уый йеддæмæ  ма Курт  Волкеры дзырдæй,   конференци уымæй дæр хицæн кæны, æмæ мадзалыл, бавдисдзысты  Джон Маккейны  фæстаг чиныджы  гуырдзиаг тæлмац.

Курт Волкер Афтæдæр банысан кодта, цæмæй   конференци  уымæй  дæр хицæн кæны, æмæ  2008 азы  августы хæсты фæстæ,  ацы аз Гуырдзыстоны  сæрд, политикъонæй   сегасæй   вазыгджын дæр уыд.

«Мах федтам  Гуырдзыстоны парламенты  спикеры  къæлæтджыны  Уæрæсейы  Думайы  уæнгы, кæцы  йæ фарс  хæцы Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы  хæдбардзинадæн.  Федтам массон  протест  уый ныхмæ, федтам  уый æмæ ацы протест ыссис  тыхмион  æмæ федтам  уымæн пъæлицæй  дзуапп æмæ реагирдзинад.  Федтам ивдтытæ  медиатыгъдады, 2020 азы  æвзæрстытимæ баст   ивдтытæ. Зноны фæстæ та Гуырдзыстонæн  ис ног хицауад», –  банысан кодта Курт Волкер.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон у  чысыл бæстæ егъау  серьозон быцæу сидтытæ кæмæн ис  ахæм.

«Гуырдзыстон  у  Централон Европæйы бæстæ, тынг æвзæр  сыхы.  Гуырдзыстоны цæрджытæ, куыд æхсæнад, сты æгæр  дих.  Адæм хъуамæ  баиу  уайид  сæйраг  националон   нысæнтты алыварс,  цахæм дæр у демократи, Гуырдзыстоны  европаг тырнынадтæ, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад  æмæ  суверенитеты  хъахъхъæнын.  Гуырдзыстоны цæгаттаг сыхагы  иунæг  интерес у Гуырдзыстоны  цæрджыты  ныддихтæ кæнын.  Ныфс мæ ис  2020  азмæ, æвзарæнон  закъондæттынады ивд пропорцион  системæмæ,  гуырдзиаг адæм спайда кæндзæн,  æвзæрстгæнджытæ,  дзыллæ,  оппозици, хицауад, цæмæй  Гуырдзыстоны  демократи фæтыхджындæр уа,  сбæлвырд кæной сæхицæн  æмæ  Ныгуылæнæн, цæмæй Гуырдзыстон у транс-атлантикон  дзыллæйы  фарсхæцыны  аккаг, кæцымæ дæр  Гуырдзыстон тырны», – райхъусын кодта Курт Волкер.