Кришианис Каринш – æнхъæлмæ кæсын, цæмæй Гуырдызстонмæ лæвæрд уыдзæн статус, бæргæ у, цæмæй æнæрмæст адæмы фæнды Евроцæдисы уæнгсуæвын, фæлæ ма хицауад тынг дырыс фæндыл дзуры
Æнхъæлмæ кæсын, цæмæй Гуырдзыстонмæ лæвæрд уыдзæн кандидаты статус, бæрæг у, цæмæй æнæрмæст адæмы фæнды Евроцæдисы уæнгсуæвын, фæлæ ма хицауад дæр тынг дырыс фæндыл амоны, – уый фæдыл фидиуæн Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр Кришианис Кариньш Брюсселы сарызта, цы ран абон Евроцæдисы уæнг фæсарæн хъуыддæгты министрты советы рабадт æмæ «хурыскæсæн партнерады» бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министериал цæуы.
«Абон фынгыл æртæ нысаниуæгджын фарста ис. Фыццаг у Украина, дыккаг у хæст Астæу Хурыскæсæны æмæ æртыккаг, хурыскæсæн партнерады фарстатæ. Æнæмæнгæй æнхъæлмæ кæсын цæмæй ацы къуырийы Гуырдзыстонмæ лæвæрд уыдзæн кандидаты статус.
Цъус рæстæг размæ фембæлдтæн Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министримæ æмæ дырыс у,ц æмæй æнæрмæст адæмы фæнды Евроцæдисы уæнг суæвын, фæлæ ма хицауад тынг дырыс фæнды кой кæны. Уый тынг дзæбæх у æмæ не рдгæй алцыппæт сараздзынæн, цæмæй бахуыс кæнæм Гуырдзыстонæн реформæты фæндагыл», – райхъусын кодта Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр.