Кремлы информацийæ, Владимир Путин  оккупацигонд Мариуполмæ ныццыд
Кремлы информацийæ, Владимир Путин оккупацигонд Мариуполмæ ныццыд

Кремлы ахæлиугонд хъусинагæй,  Уæрæсейы  президент  Владимир Путин  ныццыд   оккупацигонд Мариуполмæ.

Кремлы фидиуæны банысангонд куыд у афтæмæй,  Путин оккупацигонд Мариуполмæ ныццыд   хæрдмæтæхæгыл, горæты  цалдæр сыхыл æрзылд  æмæ бынæттон  цæрджытимæ аныхас кодта.

Уæрæсейы   президенты  пресскуысты  хъусинагæй,  уæдмæ Владимир Путин анексиргонд  Хъырымы  уыд.