«Ковид-19»-ы кризисыл фæуæлахизы нысанæн Евроцæдис Гуырдзыстонæн рауæлдай кодта 60 милуан евройы бæрц грант
Абон Евроцæдис Гуырдзыстонæн рауæлдай кодта 60 милуан евройы ( 240 млн ларийы онг) грант «Ковид-19»-ы кризисыл фæтыхуынæн. Фæнысангонд суммæтæ сты Гуырдзыстоны хицауады антикризисон экономикон план сæххæст кæнынæн фарс рахæцынæн – уый фæдыл информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад.
«Евроцæдис дарддæр кæны Гуырдзыстонæн æнæфæцудгæ æххуыс пандемийы периоды. Фæнысангонд 240 милуан ларийы бæрц грант, уыцы 1,5 миллиард ларийы бæрц æххуысы хай у, кæцыйы мобилизаци скодтой Евроцæдис æмæ Европæйы бал, цæугæ азы уалдзæджы æмæ кæцыйæн йæ нысан у Гуырдзыстоны хицауадæн баххуыс кæнын пандемийы ныхмæ тохы, афтæма, Гуырдзыстоны цæрджытæн æххуыс уыцы карз æртъхъирæнæн бафæразынæн, кæцыйы раз бирæ адæймаг æрлæууыд», – хъусын кæны Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл.
«Фæнысангонд суммæтæ сты фыццаг транш уыцы 75 милуан евройæ (300 милуан ларимæ æввахс), кæцы «Ковид-19»-ы ныхмæ Гуырдзыстоны хъæддыхдзинады бадзырдæй» у бæрæг æмæ кæцыйы фæрцы Евроцæдис баххуыс уыдзæн Гуырдзыстонæн антикризисон экономикон план сыххæст кæныны. План æххæссы мадзæлттæм, кæцытæн сæ нысан у æфтиæгты равзæрæн фесафынæй цы негативон æндæвдад сæвзæрдис, уый фæъкаддæр кæнын, куыстбынæтты бахъахъхъæдæн баххуыс, бизнесæн къухаразын æмæ æненизхъахъхъæды системæ стынг кæнын.
Баззайгæ суммæ рауæлдай уыдзæн, хицауад цы мадзæлттæ ауадздзæн, уыдоны аргълæвæрдмæ гæсгæйæ, кæцы баххæсдзæн социалонæй æнæхъахъхъæд бинонтæн социалон æххуысмæ, бизнестæн æххуысмæ куыстбынæттæ ма фесафыны æрдгæй æмæ интенсивон терапийы сынтæджыты нымæц фæфылдæр кæнынæн. Фæнысангонд траншы размæ уыдис макрофинансон æххуысæн 100 милуан евройы (400 млн ларийы) бæрц кредиты рауæлдай, кæцы цæугæ азы 25 ноябры сыххæст ис. Дыууæдæр транш сты 1,5 миллиард ларийы бæрц æмтгæйон æххуысы пакеты хай, кæцы афтæдæр йæ хъуыдыйы дары Гуырдзыстон æнæнизхъахъъхæды системæйы, социалон сферæты æмæ экономикæ сæндидзын кæнынæн æххуыс», – дзырдæуы информацийы, кæцыйы ахæлиу кодта Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад.