Консулон департаменты директор - Информаци Евроцæдисы Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрдгæй криминалон цауты райрæзгæ статистикæйы фæдыл, уырыссаг пропагандæйы фæстиуæг у
Информаци Евроцæдисы бæстæты Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрдгæй криминалон цауты райрæзгæ статистикæйы фæдыл, уырыссаг пропагандæйы фæстиуæг у – ацы фидиуæн фæсарæн хъуыддæгты министрады консулон департаменты директор, Гиорги Табатадзе, Батумы Шота Руставелийы номыл паддзахадон Университеты æнæвизæ дыууæрдæм зхмæлды тыххæй информацион кампанийы фæлгæтты уагъд фембæлдыл сарызта.
«Кампанийы фæлгæтты Гуырдзыстоны æмбæстæгтимæ æргомæй ныхас кæнæм æнæвизæ дыууæрдæм змæлды процессы уæвæг рискъыты, кæцытæ се рдгæй фæткъæвæрд састы цауы сты æнхъæлмæ кæсинаг. Фæстаг периоды боны фæткы нал лæууы Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрдгæй криминалон миты рæзты цаутæ. Ацы бæрæггæнæн нæдæр раздæр уыдис бæрзонд æмæ цифрæтæй манипуляцитæ кæнын, уырыссаг пропагандæйы хай у», – райхъусын кодта Гиорги Табатадзе.
Æнæвизæйæ дыууæрдæм змæлды фæдыл информацион кампанийы фæлгæтты университеты уагъд информацион фембæлдыл студенттæн базонын кодтой æнæвизæйæ змæлды процессы уæвæг фæстиуджытæ æмæ статистикон бæрæгæнæнтæ. Дзырд ахæссыд афтæдæр уыцы рискъытæ æмæ тасмæ, кæцы баст у куыд ацы фæткæвæрд састимæ, афтæ Евроцæдисы бæстæты лигъдоны статус райсты процедурæты æнæрæстагæй спайдаимæ.
Информацион кампани Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады, афтæдæр НАТО æмæ Евроцæдисы фæдыл информацион центры организацигонд цæуы.
Кампанийы æртыгкаг фазæ 2018 азы мартæй райдыдта. Ивгъуыд азы кампанийы фæлгæтты æндæр æмæ æндæр регионы 160 фембæлд сырæзт.