Конституцион тæрхондон Марихуанайæ пайдакæнынæн архайæг алы санкцийы аивдта
Гуырдзыстоны конституцион тæрхондон, сразы ис «Гирчи»-йы уæнгты Зураб Джапаридзе æмæ Вазхтанг Мегрелишвилийы хъастыл æмæ дохтыры æнæ барфыстæй марихуанайæ пайда кæнынæн архайæг алы санкци æнæконституционыл банымадта.
Тæрхоныскуыды фæдыл райхъусын кодта конституцион тæрхондоны фыццаг коллегий.
«Гуырдзыстоны конституцион тæрхондон банысан кодта, цæмæй марихуанайæ пайдакæнын у гоймаджы уæгъдибарæй рæзыны барæй хъахъхъæд архайд. Марихуанайæ пайда кæныны тобæ йæ зилдухы ныхмæ æрдæм мадзал у æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр лæккад кæны пайдагæнджыты æнæниздзинад хъахъъæды легитимон нысанæн. Фæлæ тæрхондоны хъуыдымæ гæсгæйæ, индивидуалон пайдагæнæджы роль марихуанайы зилдухы баахъаз кæныны у тынг чысыл, уымæ æмбæлгæйæ дæр, чысыл у пайда кæныны индивидуалон фактытæй сæвзæргæ тас. Фæнысангонды тыххæй, марихуанайы пайда кныны тыххæй азым бланкетонæй сæвæрын, легитимон нысанмæ баххæссыны хъахъхъæды æнæпропорцион амал у æмæ йæ ныхмæ цæуы Гуырдзыстоны конституцийы 16-æм статийы домæнтæм» – банысангонд у конституцион тæрхондоны уынаффæйы.
Афтæма, абоны тæрхоныскъуыд, йæ хъуыдыйы дары бæрæг уæлвæтк уыцы цауы, пайда кæныны факт æртыккаг уæнгæн тас куы нæ хæссы уæд.
«Конституцион тæрхондон банысан кодта, цæмæй марихуанайæ пайдакæнынæн бæрн сæвæрын конституцимæ æмбæлон у уыцы цауы, пайдакæныны конкретон факт тас куы хæссы æртыккаг уæнгæн. Дæнцæн тæрхондон марихуанайы пайдакæныны тыххæй бæрн сæвæрын раст уыдзæн уыцы цауы, фæнысангонд архайд куы цæуы ахуырадон, æмæ рухсадон уагдæтты, иуæй-иу типы æхсæнадон æмбырды бынæтты, дæнцæн æхсæнадон транспорты, æнахъомты раз æмæ а.д.» – банысангонд у тæрхондоны уынафæйы.
Хъастгæнджыты хъусын кодтой, цæмæй марихуанайæ пайда кæнын у гоймаджы уæгъибарæй рæзынады барæй хъахъъæд сферæ. Афтæдæр сæ бæлвырдмæ гæсгæйæ, марихуанайæ пайда кæнынæй, гæнæн ис зиан баййафа æрмæстдæр пайдагæнæгы æнæниздзинад, кæцы йæхæдæг у бæрнон цы фæстиуæг райсдзæн ууыл. Хъастгæнджытæ хъусын кæнынц, цæмæй бавдыст архайд ницы реалон тас хæссы искæцы аргъджын æхсæнадон интересæн. Сæ ныхæстæм гæсгæ, Марихуанайæ пайдагæнæгы бафхæрд æрмæстдæр моралистон æмæ патерналистон аргументты ныхмæ цæуы гоймаджы сæрибар рæзынады баримæ æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр йæ ныхмæ у Гуырдзыстоны конституцийы 16-æм статийæн.
Хъуыддаджы лæмбынæг каст, зæрдæвæрæны мæйы фæцис, тæрхоныскуыд та абон райхъусын кодтой.