Конституцион тæрхондон Гуырдзыстоны президенты ныхмæ конституцион  хъасты лæмбынæг кæсын  абон райдайдзæн
Конституцион тæрхондон Гуырдзыстоны президенты ныхмæ конституцион хъасты лæмбынæг кæсын абон райдайдзæн

Гуырдзыстоны президенты  ныхмæ  конституцион  хъасты  лæмбынæг кæсын   абон райдайдзæн.

Конституцион тæрхондоны  информацийæ,   конституцион бавдысты  лæмбынæг кæсын 12:00 сахатыл райдайдзæн.

«Гуырдзыстоны  конституцион тæрхондон, 2023 азы  22 сентябры  №3/2/1797   протоколон ныффыстæй, лæмбынæг  æркæынæн райста №1797  конституцион бавдыст («Гуырдзыстоны  парламенты уæнгты (Иракъли Къобахидзейы, Шалва Папуашвилийы, Мамука Мдинарадзейы æмæ æндæрты, æдæппæт 80 уæнгы)   конституцион бавдыст Гуырдзыстоны президенты æрдгæй  Гуырзыстоны  конституцийы гæнæн халыны  фарстайыл).

№1797  конституцион  бавдысты  æркæсыны  фарста у  Гуырдзыстоны  конституцийы  52-æм статийы  фыццаг  пункты  «А»  дæлпункты  гæнæн саст, Гуырдзыстоны  президенты æрдгæй   Гуырдзыстоны   хицауады  барлæвæрд æнæрайсгæйæ  æддæ ахастыты  минæварадон æххæстбартæ  сыххæст кæныны  тыххæй. Кæцы  æвдыст уыд   фæсарæнтæм кусæн визитты  сыххæсты æмæ  официалон   уæнгтимæ  кусæн фембæлдтæ  æмæ бадзырдтæй.

№1797   конституцион бавдысты  лæмбынæг каст,  ацæудзæн  2023 азы  3  октябры  12:00 сахатыл  хъусынæй,   бавдысты авторты æмæ  Гуырдзыстоны  президенты хайадæй», –   банысангонд у   Конституцион   тæрхондоны 25 сентябры  ахæлиугонд   информацийы.