Константин Косачев - Уæрæсе ацы процессы баст нæ уыд, Сирийы хицауад ацы уынаффæ рахаста йæхи фæндæй
Уæрæсейы Федерацийы æхсæнадæмон ахастыты комитеты сæрдар Константин Косачев Сирийы хицауад оккупацигонд Гуырдзыстоны территориты «хæдбардзинад» кæй банымадта уый, хоны æвæрццаг процессы райдианæй.
«Уæрæсе ацы процессы баст нæ уыд. Сирийы хицауад ацы уынаффæ рахаста йæхи фæндæй, кæцы Сирийы æмæ Абхазийы хицауадты æхсæн уæвæг ахастытæй рацæугæ у. Уырнæг дæн ай у райдиан, Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбарады нымадмæ райстмæ баиу уыдзысты æндæр паддзахадтæ дæр» – райхъусын кодта Косачев.
Константин Косачев загъта, цæмæй фæрстæ зæгъгæ хъавынц минæварадтæ бакæнын дæр.
Цалдæр сахаты размæ, Башар ал Асады режим, Гуырдзыстоны дыууæ оккупацигонд регионы – Абхазийы æмæ Цхинвалы решгионы де-факто республикæты «хæдбарадзинад» банымадта.
«Сирийы ныхмæ террористон агрессийы фоныл, дыууæфарсон разыдзинадæй, Сирийы Арабты Республикæ æмæ Абхазийы æмæ «Хуссар Ирыстоны» республикæтæ æрныхас кодтой, кæрæдзийы нымадмæ райсты баивды фæдыл, Сирийы æмæ Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн ахастыты æрфидар кæныныл. Дипломативон ахастытæ бындурæвæрд цæуынц минæварадты æмвæзадыл» – банысангонд у фидиуæны.
Сирий у фыццаг арабаг паддзахад, кæцы оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты «хæдбардзинад» нымадмæ райста.