Конгресс Вашингтонæн Асады кантролгонд территоритæн финансон æххуыс фæтобæ кодта
АИШ-ы Конгрессы райстой закъонопроект, кæцы Асады кантролгонд территориты реконструкци тобæ кæны. Минæварадон палатæйы скуыддзагæй, Вашингтонæн фæтобæ уыдзæн Сирийы хицауады кантролгонд территоритæн финаснон æххуыс.
Ацы рæстæджы, закъондæтджытæ йæ ныхмæ нæ ццæуынц æххуысы фарстæн уыцы районтæн, кæцыты Сирийы хицауад нал кантрол кæны.
АИШ-ы Конгрессы минæварадон палатæйы фæсарæн хъуыддæгты комитеты къухдариуæггæнæг, Эд Ройс, закъонопроекты схуыдта «афойнадонæй» æмæ банысан кодта, цæмæй америкаг фидинæгты фидæг адæмы æхца, Асады фыдгæнæг режимы æмæ йæ фарсхæцджытæм нæ бафтдзæн. Ройсы ныхæстæм гæсгæ, Башар Асад бæстæ катастрофæйы онг бакодта.