Компенсаци райсынæн æфтиæгты куыстмæ ацы рæстæгмæ бацыд 14 300 –æй фылдæр куырдиат
Гуырдзыстоны финансты министры, Иванэ Мачъаварианийы фидиуæнæй, компенсаци райсынæн ацы афонмæ æфтиæгты куыстмæ 14 300-йæ фылдæр куырдиат бацыд.
Иванэ Мачъавариани координацион советы рабадты фæстæ куыд загъта уымæ гæсгæ, бæрæггæнæнтæ нырид æрвыст сты æнæнизхъахъхъæды министрадмæ æмæ тагъд райдайдзæн компенсациты алæвæрд.
«Фæнды мæ бакой кæнын алкæмæн, цæмæй процесс аххæсдзæн 24 декабрмæ, уый тыххæй нысаниуæгджын у, цæмæй максималонæй спайда кæной ацы рæстæгæй, фæлæ гæнæн уыдзæн 28 декабры онг сбæрæг кæнын. Курæг дæн алкæмæй, максималонæй афоныл æмæ оперативонæй бавдисæт информаци æфтиæгты куыстмæ», – райхъусын кодта Мачъавариани.
Бакой уын кæндзыстæм, антикризисон экономикон планы цыппæрæм этапы фæлгæтты, 300 ларийы компенсаци райсынæн, электронон куырдиат райсын 3 декабрæй райдыдта æмæ 24 декабры онг цæудзæн. Нысанон социалон æххуысы хауы уыдонмæ, кæмæндæриддæр 2020 азы 28 ноябрæй архайæг арæнæвæрдты тыххæй урæд у кусыны бар.