Коммуникациты комисси – Æхсæнадон Уацхæссæг дыккаг туры æвзæрстыты агъоммæ периоды, фæзындтæ рухс кодта объективонæй, журналистон этикæйы стандарттæм æмбæлгæйæ, сюжеттæ æмæ алæвæрдтæ уыдысты æвзæрстгæнджыты информир кæнынæн
Коммуникациты комисси 2021 азы Гуырдзыстоны муниципалон оргæнты æвзæрстыты агъоммæ периоды медиа мониторингы æртыккаг хыгъдлæвæрд публикаци кæны хыгъдлæвæрд дыккаг туры 2021 азы 3 октябрæй 31 октябры онг период æвдисы.
Комиссийы хъусын кæнынц, цæмæй медиамониторинг æхсæз иумæйаг национ уацхæссæгы, сæ нымæцы Æхсæнадон Уацхæссæджы Фыццаг Каналы, Æхсæнадон Уацхæссæджы Ачъарайы телеуынынады, «Рустави-2»-ы «Телеимедийы» «Телекомпани Пирвели» æмæ «Мтавари Архи»-ы æхсæн ацыд. Мониторинг сегасдæр хуыдæр рæстæджы, 19:00 сахатæй 24:00 сахаты онг периоды цыд, æрмæст æхсæнадон-политикон алæвæрдты мониторинг æнæхъæн боны дæргъы цыдис. Нымæцон медиамониторинг 50-ы онг уацхæссæгон каналыл ацыд. Æхсæз иуæймаг национ уацхæссæгы мониторингы рæстæджы, комиссийы цæстдард уыд ахæм фарстатæ: баланс, дырысдзинад, релевантондзинад, нысаниуæгджын информаци фæуагъд, афтæма фыдзæрдæ æвзаг æмæ дезинформаци, диксриминаци æмæ визуалон/аудио манипуляци.
Коммуникациты комиссийы банысан кодтой, цæмæй Æхсæнадон Уацхæссæг цæугæ фæзындты объективонæй æмæ журналистон этикæйы стандарттæм æмбæлгæйæ рухс кодта, йæ сюжеттæ æмæ алæвæрдтæ æвзæрстгæнджыты информирдзинадæн уыдысты.
«Æхсæнадон Уацхæссæг æвзæрстыты дыккаг туры æвзæрстыты агъоммæ периоды дæргъы, бæстæйы æмæ йæ арæнты æддæйæ айтынггонд фæзындтæ фылдæр балансгондæй æмæ нейтралонæй рухс кодта. Рæстæг лæвæрд уыд политикон процессы баст алы субъектæн, афтæма алы нысаниуæгджын æмæ бæрзонд æхсæнадон интерес, цæмæ ис уыцы информацимæ. Нæ фæбæрæг ис фыдзæрдæ æвзагæй пайда кæнын, дезинформаци æмæ æнæбæлвырд информацийы хæлиукæнынад», – банысангонд у коммуникациты комиссийы информацийы.
Уагдоны ма афтæдæр банысан кодтой, ома коммуникациты комисси æвзæрстыты агъоммæ медиамониторинг æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлгæйæ кæй æххæст кæны, уый. Коммуникациты комиссийы медиамонитортæ æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлгæйæ Европæйы Советы медиаэксперт, организаци «Мемо-98»-ы æххæстгæнæг директор Расто Кузел бацæттæ кодта.
2021 азы Гуырдзыстоны муниципалон оргæнты æвзæрстыты разæвзарæнон периоды дыккаг туры медиа мониторингы æртыккаг хыгъдлæвæрд, æххæстæй кæнын уæ бон у ам.