Абонæй фæстæмæ Кутаис æмæ Лионы æхсæн комкоммæ регулярон рейстæ райдыдтой. Wizz Air йæ фыццаг комкоммæ рейс сарæзта Кутаисы æхсæнадæмон аэропортæй Лион Сен-Экзюперийы аэропортмæ 130 бæлццонимæ. Уый фæдыл Гуырдзыстоны аэропортты ассоциаци хъусын кæны.
Уагдоны информацийæ, ног маршрутмæ рейстæ Кутаисæй къуыри дыууæ хатт, дыццæг æмæ сабаты сырæздзæн.
Уæ зонындзинæдтæн, Wizz Air æххæст кæны рейстæ Кутаисы æхсæнадæмон аэропортæй 24 нысаниуæгмæ 14 бæстæйы Европæйы æмæ Æввахс Скæсæны.