Къобахидзе Иракъли - «CNN»-ы журналист Урсула фон дер Ляйенæн ратта фарста, кæцы æнцойæвæрд уыд мæнг информацийыл, дзæбæх зыны куыд масштабон у Гуырдзыстоны интересты ныхмæ уагъд координаци
«CNN»-ы журналист Урсула фон дер Ляйенæн ратта фарста, кæцы мæнг информацийыл æнцойæвæрд уыд, дзæбæх зыны куыд масштабон у координаци, кæцы Гуырдзыстоны интересты ныхмæ у, – уый фæдыл дзырдæуы парти «Картули Оцнебайы» сæрдар Къобахидзе Иракълйы фидиуæны.
«Адыууæ боны размæ, «CNN»-ы журналист Еврокомиссийы президент Урсула фон дер Ляйенæн ратта фарста, кæцы Гуырдзыстоны фæдыл мæнг информацийыл æнцойæвард уыд. Сæрмагондæй та, журналист загъта, ома дам хæлиу кæны информаци æндæр æмæ æндæр бæстæты, сæрмагондæй та Гуырдзыстоны уылты, Уæрæсемæ санкциргонд базайраг ласыны фæдыл æмæ бафарста, алыг кодтаит æви нæ Евроцæдисы санкциты радон пакет ацы проблемæйы.
«CNN» хуымæтæг медиафæрæз нæу æмæ ацы фактæй дзæбæх зыны, цас масштабон у координаци, кæцыйæн йæ нысан у Гуырдзыстоны националон интересты ныхмæ архайын. Уымæ æмбæлгæйæ, «CNN»-ы журналисты бавдыст мæнг информацийыл хæъуы реагиркæнын.
Гуырдзыстон Уæрæсемæ санкциргонд продукци куы уадзит, 2022 азы Гуырдзыстонæй Уæрæсемæ экспорт æнæпропорционæй хъуамæ фæфылдæр уыдаит. Фæлæ акæсæм цы уавæр ис æцæгæй:
2022 азы, 2021 азимæ абаргæйæ Гуырдзыстоны æмтгæйон экспорты рæзт, 33 проценты бæрц уыд, фæнысангонд периоды Уæрæсемæ экспорт æрмæст авд процентæй сырæзт. Аналогион периоды Гуырдзыстонæй Китаймæ экспорт сырæзт 30 процентæй, Азербайджанмæ – 27%, Туркмæ – 35%, АИШ-æм – 36%, Болагримæ – 67%, Сомихыстонмæ – 129%, Хъазахмæ – 148%. Уæрæсейы экспорты хай Гуыврдзыстоны æмтгæйон экспорты 2022 азы нысаниуæгджынæй фæкъаддæри, кæцы «CNN»-ы журналисты бавдыст информацийы багæдыкæнынæн иттæг хорз амал у. Афтæма банысан кæнн хъæуы уый, цæмæй Гуырдзыстонæй Уæрæсемæ æрвыст базайраг, Уæрæсейы 2022 азы æмтгæйон экспорты æрмæст 0,3 проценты бæрц у. Ацы фоныл , конкретон фæсарæйнаг медиафæрæзтæ куы бæлвырд кæнынц, цæмæй Уæрæсе Гуырдзыстонæй æрвыст базайрагы фæрцы цæры, фæлмæнæй зæгъгæйæ æгæрон гæдыдзинад у. Уый дæр хъуамæ банысан уа, цæмæй 2022 азы Гуырдзыстонæй Уæрæсемæ æрвыст базайраджы 3/4 – æй фылдæр у алкоголон æмæ æнæалкоголон ныуæзт, хъæууон хæдзарады продукци æмæ згъæрты æмдон.
Ахадæг фæсарæйнаг медиафæрæзтæ гуырдзиаг паддзахады ныхмæ уагъд масштабон гæдыдзинад куы хæлиу кæнынц, уый хицæн проблемæ у. Фæлæ уымæй стырдæр проблемæ уый у æмæ ацы гæдыдзинады тиражиркæнын куы архайынц гуырдзиаг радикалон оппозици æмæ йæ сæрмагонд медиафæрæзтæ. Ацы фактæй ноджы иу хатт сбæлвырд ис, цæмæй ацы адæймæгтæн Гуырдзыстоны националон интерестæ ницы нысаниуæгджын сты æмæ æцæгæй та, гуырдзыстонмæ знагон ахаст дарæг тыхæн службæ кæнынц. Афтæма хъыгаг у, ацы гæдыдзинады тиражиркæныны президент дæр куы исы хайад, кæцы аххосæгтыл «Категорион æмæ факттæй фидаргонд дзуапп» æрдомтта.
Ахæм у мæ категорион æмæ факттæй фидаргонд дзуапп мæнг аххосæгтыл, кæцытæм гæсгæ Уæрæсе Гуырдзыстонæй æрвыст экспорты фæрцы «хæссы йæхи» æмæ санкциты иувæрсты ацыды фæдыл дам-думтæн у дзуапп», – дзырдæуы Къобахидзейы фидиуæны, кæцы йæ официалон фейсбук фарсыл уыд публикацигонд.