«Европæйы Адæмон парти» Еврокомиссийы президенты постыл Урсула фон дер Ляйены кандидатурæйæн схъæлæс кодта
Евроцæдисы акæнæг политикон тых «Европæйы Адæмон Парти» йæ фарс рахæцыд еврокомиссийы президенты бынатмæ Урсула фон дер Ляйены кандидатурæйæн. Уый Европæйы Адæмон Партийы иунæг кандидат уыдис.
Урсула фон дер Ляйен Евроцæдисы раз сæйраг расидты æхсæн схуыдта хæст Украинайы, кризис Газæйы, кæцы Æввахс Скæсæны дестабилизаци расайы, афтæма Китайы бæрзонд кæнын.
Бухаресты, партийы æмбырдыл уагъд хъæлæскæныны рæстæджы, уымæн 400 делегат схъæлæс кодтой, фон дер Ляйены кандидатурæйы ныхмæ та 89 делегат рацыд.
«Ам хæдзары, Путины хæлæрттæ архайынц, ногæй ныффыссой истори æмæ нын нæ фидæн адавой. Клавиатурæйы бын æмбæхсгæйæ, уыдон фыдзæрдæдзинад пырх кæнынц алы æрдæм. Нæ сабыр æмæ иугонд Европæ популистты, националистты, демагогты æрдгæй расидты раз лæууы» – райхуъсын кодта Урсула фон дер Ляйен.