Коба Гвенетадзе – Гуырдзыстоны финансон системæ санкцитæм баиу ис 26 февралæй, зæгъæн ис, регулиргæнджытæй æвæрццаг аргълæвæрдæй дарддæр ницы  фехъуыстам
Коба Гвенетадзе – Гуырдзыстоны финансон системæ санкцитæм баиу ис 26 февралæй, зæгъæн ис, регулиргæнджытæй æвæрццаг аргълæвæрдæй дарддæр ницы фехъуыстам

Национ Банкы президент Коба Гвенетадзейы фидиуæнæй,  Гуырдзыстоны финансон системæ финансон секторы  санкцитæм  26 февралæй  баиу ис  æмæ æххæстæй  йæ  зæрдыл дары  ацы санкцитæ.

Гвенетадзейы дзырдæй,  зæгъгæ Гуырдзыстонæн фæнысангонд  фарстыл  æрмæст æвæрццаг   аргълæвæрдтæ ис.

«Гуырдзыстоны финансон системæ баиу ис  нæ барамындмæ гæсгæйæ   санкцитæм   финансон секторы 26  февралæй, уый у АИШ-ы, Стыр Британийы æмæ евроцæдисы æрбайст  санкцитæ æмæ финансон   системæ  æххæстæй  йæ зæрдыл дары  ацы санкцитæ.   Ис нын  ахастытæ  алы  ацы юрисдикцийы регулиргæнджытимæ, ис нын комкоммæ контакттæ. Хъуамæ  уын фехъусын кæнон, цæмæй  æвæрццаг аргълæвæрдтæй  дарддæр  ницы  фехъуыстам, уымæн æмæ  системæ  абсолютонæй  æмæ æнæхъæнæй  æххæст кæны  уыцы санкциты, кæцытæ  сфидар сты  ацы  юрисдикцитæ æрдгæй», – райхъусын кодта Гвенетадзе.