Павел Герчински – мах  æрбайстам санкцитæ æмæ æнхъæл стæм цæмæй æхсæнадæмон дзыллæ, сæрмгаондæй та  æмхъуыдыджын  бæстæтæ, кæцыты фæнды Евроцæдисы уæнгсуæвын, ацы ахастмæ гæсгæ архайдзысты
Павел Герчински – мах æрбайстам санкцитæ æмæ æнхъæл стæм цæмæй æхсæнадæмон дзыллæ, сæрмгаондæй та æмхъуыдыджын бæстæтæ, кæцыты фæнды Евроцæдисы уæнгсуæвын, ацы ахастмæ гæсгæ архайдзысты

Мах æрбайстам  санкцитæ  æмæ æнхъæл стæм, цæмæй  æхсæнадæмон   дзыллæ æмæ сæрмагондæй   æмхъуыдыджын  бæстæтæ, кæцыты фæнды  Евроцæдисы  уæнгсуæвын,  ацы ахастмæ  гæсгæ  архайдзысты, – уый фæдыл   Гуырдзыстоны Евроцæдисы  минæвар  Павел Герчински  загъта журналисттимæ ныхасы.

Герчинскийы бафарстой  иуæй-иу гуырдзиаг медиа-фæрæзты ахæлиугонд информацийы  тыххæй, кæцымæ гæсгæ  Уæрæсеимæ иугæнæг  фандагыл  цыппархаххджын магистрал   аразынц.

«Мах æнæиухатт  федтам, цахæм у  Евроцæдисы позици, хъуыддаг   Уæрæсеимæ  контакттæм, Уæрæсеимæ тахтытæм  æмæ уырыссаг  туристтæм куы бахæссы, уæд.   Уæрæсейы  æбуальгъ æмæ сраст кæнын гæнæн цæмæн нæй ахæм, æнæпровоциргонд   æххæстмасштабон   бырсты  фæстæ  мах  коллективонæй аскуыддзаг кодтам,  арæн скæнæм змæлд, контакттæ.  Уый тыххæй  реалонæй  хъыгаг у, нæ нæ  фæндыд афтæ æрцыдаит,  фæлæ  хъуамæ исты  ссархайдаиккам, цæмæй   исты амæлдттæй    уæддæр хæст  тагъд  фæудыдаит,  уæлæндæвд скодтаиккам Уæрæсейыл,  афтæма   уый сифтонг кæнын, цæмæй   Уæрæсе  тынг бæрзонд аргъ бафида  Украинамæ    æбуалгъ  бырсты æмæ йæ архæйдтыты тыххæй.        Растæдр уыцы нысанæн æрбайстам  санкцитæ, уый тыххæй тынг  зын у уырыссæгтæн Европæмæ æрцæуын.  Æнхъæл стæм, цæмæй алчи –  æхсæнадæмон  дзыллæ,  æмæ сæрмгондæй та  æмхъуыдыджын   бæстæтæ, кæцыты фæнды   Евроцæдисы уæнгсуæвын, ацы ахастмæ гæсгæ архайдзысты», – райхъусын кодта Павел Герчински.

Уæрæсеимæ иугæнæг фæндагыл, цыппархаххджын магистралы арæзтады фæдыл ахæлиугонд информацийы тыххæй  комментари сарызта  автомобилон фæндæгты   департамент.       Уагдоны фидиуæны  куыд дзырдæуы афтæмæй,   Тбилис-Натахтарийы фандагы Европаг æхсæнадæмон   магистралы  скæнæг хай у æмæ Уæрæсеимæ иугæнæг фæндаг нæу. Афтæма сæ хъусинагæй,   тендер  райхъусын кодтой  æхсæнадæмон нысаниуæгы  Тбилис-Сенаки-Леселидзейы   автомобилон фæндаджы  11 километрон  фадыны модернизаци-арæзтады  техникон-экономикон  документацийы æмæ  проекты  æрцæттæ кæнынæн.