Клер Муди -  Райгонд дæн дебаттæ  кæй сырæздзæн уымæй, райсдзыстæм резолюци  æмæ гуырдзиаг адæмæн  нæ фарсылхæцындзинад  равдисдзыстæм
Клер Муди - Райгонд дæн дебаттæ кæй сырæздзæн уымæй, райсдзыстæм резолюци æмæ гуырдзиаг адæмæн нæ фарсылхæцындзинад равдисдзыстæм

Райгонд дæн,  дебаттæ кæй ацæудзысты  уымæй,  райсдзыстæм резолюци  æмæ   Гуырдзиаг  адæмæн  фарсхæцынад  равдисдзыстæм –  Уый фæдыл  Фыццаг Къаналæн   фехъусын кодта   Европарламентар  Клер Муди.

Афтæдæр йæ ныхæстæм  гæсгæ,   Уæрæсе  хъуамæ ракæна йæ æфсад   Гуырдзыстоны  территорийæ.

«Резолюцийы  тынг дырысæй   у æвдыст   европарламенты  позици.  Мах дзурæм, цæмæй   евроæйдисы мониторингы миссимæ хъуамæ уа  фадат  бацæуа оккупацигонд территоритæм.  «Хуссар Ирыстон» æмæ   Абхазийы  цæрæг  адæймæгты барты  хæлд, урæд  хъуамæ æрцæуа,   адæймаджы  фундаментон  бартæ хъуамæ  уа  хъахъхъæд.

Европарламент  райы  æмæ  æнцой дары  Гуырдзыстоны  хицауады сабырадон инициативæйæ. Европарламент  йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинад æмæ  суверенитетæн.  Европарламент сиды  Уæрæсемæ,  сæххæст кæна  йæхимæ  цы хæстæ райста  уыдон.  Уæрæсе хъуамæ фæстæмæ акæна йæ  гарзджын тыхтæ  Гуырдзыстоны территорийæ.

Августы хæстæйы 10  азы  сæрыл,   хъæдгæмттæ  нырма дæр нæ  байгас сты, хæсты  фæстиуджытæ  æгæр уæззау сты, лигъдæттæ м нæй  фадат сæрмагонд хæдзæрттæм æрыдæхой,  Уæрæсе æвзæрын кæны дестабилизаци регионы.  Европарламент йæ  зæрдыл дары   æмæ никуы  ферох кæндзæн  2008 азы хæст.  Мах тызмæг фауæм  Уæрæсейы  агрессивон  къахдзæфтæ  æмæ  дзурæм, цæмæй  афтæ адарддæр кæнын  гæнæн нæй.  Райгонд стæм,  дебттæ  кæй  сырæздзæн,  резолюци  райсдзыстæм  æмæ  гуырдзиаг адæмæн  нæ  фарсылхæцындзинад  кæй равдисдзыстæм уымæй» –  хъусн кæны  Клер  Муди.

Европарламентар Клер Муди  дзуры, цæмæй  резолюцийы   Арчил Татунашвилийы  кой  дæр уыдзæн æнæмæнгæй.

«Арчил Татунашвилийы  мыггаг  æнæмæнгæй  уыдзæн  резолюцийы.  Мах  цалдæр  хатт бафаудтам цы æрцыд уый.  Ай у  трагеди.  Тынг  уæззау хъуыддаг  у æмæ  тæфæрфæс кæнын  гуырдзиаг  адæмæн  уый тыххæй.  Мах æрзонгæ стæм  экспертизæйы  Гуырдзыстоны  æрцæттæгонд  хатдзæгимæ.    Æрцæугæ  хабар мын уыд арвы цæфау.  Европарламент   хæсджын у зæгъа,  цæмæй  цы æрцыд   у бынтон нæрайсгæ у,   фауæм  æй  æмæ   ахæм трагеди макы уал хъуамæ сфæлхатт уа.  Мæ  хъыгтæ  дзурын  Татунашвилиты бинонтæн, гуырдзиаг адæмæн  æмæ уæ мах ныфс  уæт» –  райхъусын кодта  Клер Муди.

Европарламенты  абон Гуырдзыстоны  фæдыл  дебаттæ  ацæудзæн, кæцытыл дзырдæй ралæудзæн, еврокамисы  вице-преидент, евроцæдисы  бæрзонддæр  минæвар æддæ политикæ æмæ  æдадсзинады  фарстаты  Федерика Моггеррини  темæйыл –  Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæ, Уæрæсейы  бырстæй  10  азы   фæстæ.  Европарламенты  фыццаг  резолюцийæн, кæцыйы  мидæг ныхас цæудзæн  Арчил Татунашвилийы  фæдыл,  хал сæппардзысты 14  июны.