Китайы минæвар разагъта, цæмæй Гуырдзыстон кокорнавирусы ххæй уагæвæрд арæнæвæрдтæ амал уæвгæйæ тагъд аивдзæнты
Ныфс нæ ис Китай-Гуырдзыстоны æхсæн къуындæг коммуникаци æмæ æмгуыстгæнгæйæ, бафæрздзыстæм эпидемийы превенци æмæ контроль, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Китайы Адæмон Республикæйы минæвар, Ли Янь пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Китайы минæвар куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ Гуырдзыстон райста бæрæг рæстæгмæ мадзæлттæ эпидемийы ахæлиу маруадзыны тыххæй, уый нымæцы комкоммæ авиа-рейсытæ бауромын æмæ Китайæ удæгас цæрæгойты импорты тобæ.
«Эпидеми бæрæг хайæ æппæрццагæй бандæвдта Китай-Гуырдзыстоны æхсæн дыууæрдæм змæлдмæ, визиттæм æмæ импорт-экспортмæ æмæ, гæнæн ис, бандава цæугæ масштабон транспортон инфраструктурон проектты темпмæ. Китай адарддæр кæндзæн хæстæг коммуникаци æмæ æмгуыстад æхсæнадæмон æмгарадимæ, уый нымæцы Гуырдзыстонимæ, цæмæй цыбырдæр æмгъуыдтæм фæтыхуа эпидемийыл. Ноджы иу хатт сидын гуырдзиаг фарсмæ, цæмæй лæмбынæг æркæса ныридæгæн ист рæстæгмæ арæнгæнæг мадзæлттæм уыцы зианы минимумы онг æркæнынын нысанæй, кæцы гæнæн ис расайа эпидеми Китай æмæ Гуырдзыстоны æхсæн æндæр æмæ æндæр сферæйы æмкуысткæнынадæн», – бансан кодта минæвар.