Китайы  минæвар  разагъта,  цæмæй  Гуырдзыстон кокорнавирусы ххæй  уагæвæрд  арæнæвæрдтæ амал уæвгæйæ   тагъд аивдзæнты
Китайы минæвар разагъта, цæмæй Гуырдзыстон кокорнавирусы ххæй уагæвæрд арæнæвæрдтæ амал уæвгæйæ тагъд аивдзæнты

Ныфс нæ  ис  Китай-Гуырдзыстоны æхсæн къуындæг  коммуникаци  æмæ  æмгуыстгæнгæйæ,   бафæрздзыстæм   эпидемийы  превенци æмæ  контроль, –   уый  фæдыл  Гуырдзыстоны Китайы  Адæмон Республикæйы  минæвар,  Ли Янь  пресс-конференцийыл райхъусын кодта.

Китайы минæвар куыд  банысан кодта афтæмæй,   зæгъгæ Гуырдзыстон  райста бæрæг рæстæгмæ  мадзæлттæ  эпидемийы ахæлиу маруадзыны  тыххæй,   уый нымæцы   комкоммæ  авиа-рейсытæ   бауромын  æмæ Китайæ   удæгас  цæрæгойты  импорты  тобæ.

«Эпидеми   бæрæг  хайæ æппæрццагæй  бандæвдта  Китай-Гуырдзыстоны æхсæн дыууæрдæм змæлдмæ,  визиттæм æмæ  импорт-экспортмæ æмæ, гæнæн ис,  бандава   цæугæ  масштабон  транспортон   инфраструктурон    проектты  темпмæ.   Китай   адарддæр кæндзæн  хæстæг  коммуникаци  æмæ   æмгуыстад  æхсæнадæмон æмгарадимæ,  уый  нымæцы   Гуырдзыстонимæ,   цæмæй  цыбырдæр æмгъуыдтæм  фæтыхуа  эпидемийыл.  Ноджы иу  хатт   сидын гуырдзиаг   фарсмæ,   цæмæй  лæмбынæг æркæса   ныридæгæн ист   рæстæгмæ арæнгæнæг мадзæлттæм  уыцы  зианы минимумы  онг æркæнынын  нысанæй,   кæцы  гæнæн ис    расайа  эпидеми   Китай æмæ Гуырдзыстоны  æхсæн  æндæр æмæ æндæр   сферæйы  æмкуысткæнынадæн», –  бансан кодта минæвар.