Къипрыл президентон æвзæрстыты дыккаг тур сырæздзæн

Къипрыл  уагъд  президенттæм æвзæрстыты  фыццаг туры  уæлахиздзауы рабæрæг кæнын нæ бантыст.  Эгзитполты  бæрæггæнæнтæй,   æвзæрстгæнджыты  хъæлæсты 42%-æй  фæразæй ис  Къипры  архайæг   лидер  Никос  Анастасиадис, æрмæст дыккаг бынатыл  ис  Ставрос  Маласи.  Уымæн схъæлæс кодтой æвзæрстгæджыты  31%.  Растдæр ацы дыууæ кандидаты  сæппардзысты хал дыккаг туры.

ЦÆК-ы  фыццапгон   развæлгъау  бæрæггæнæнтæ сом суыдзысты  зындгонд.  Дыккаг тур  та  4-æм февралы ацæудзæн.