Хурыскæсæн партнерады фарстаты Евроцæдисы специалон минæвар - Евроцæдис Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ лæууы æмæ дызæрдыг нæ кæнæм, ома  бæстæ фидæны Евроцæдисы уæнг суыдзæн
Хурыскæсæн партнерады фарстаты Евроцæдисы специалон минæвар - Евроцæдис Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ лæууы æмæ дызæрдыг нæ кæнæм, ома бæстæ фидæны Евроцæдисы уæнг суыдзæн

Дзæбæхы  амонæг у, уымæн æмæ ахæм нысаниуæгджын афон стæм   Гуырдзыстоны –  уый фæдыл  Евроцæдисы специалон  минæвар хурыскæсæн   партнерады фарстаты  Дирк Шубел  Ираклий Гъарибашвилиимæ  фембæлдыл   райхъусын кодта.

Шубел  Гуырдзыстоны хицауады сæрдаримæ фембæлдыл куыд банысан кодта афтæмæй,   Украина æмæ Молдовæ дæр, афтæ  куыд  Гуырдзыстон  фидæнмæ  гæнæн ис  дзæбæх спайда кæной  хурыскæсæн  партнерадæй.

«Бузныг мæ фæнды зæгъон уын прмьер-министр, цæмæй  нын рæстæг рахицæн кодтат  æмæ фембæлдыстæм, бæрзонд аргъ кæнæм  ацы фактæн, æцæгдæр стыр  къорд нын рауад, Евроцæдисы уæнг паддзахадтæй  17 æмæ  Евроцæдисæй   дыууæ коллегæ  баиу стæм.   Нæ визиты сæйраг  нысан уый у, цæмæй алчи  хурыскæсæн партнерады фарстатыл  кусæм, иуæй-иутæ специалон минæвæрттæ  сты  Евроцæдисы уæнг паддзахадты æмбæлгæ министрадтæй кæнæ та  куыд æз  евроструктурæйæ.  Алы ацы адæймаг евроцæдисы уæнг паддзахадты  фæсарæн хъуыддæгты  министрадты  департаментты хистæртæ стæм. Афтæмæй,  зæгъæн ис, цæмæй бæрзонд рангы уæнгтæй  къорд  æрцыд бæстæмæ.  Растдæр уый тыххæй, нæ фæнды базонæм  цы хъуыддаджы ис  гæнæн  рабæзза уын нæ дыууæфарсон азастыты  хурыскæсæн партнерад. Мæ хъуыдыйы  дарын   Евроцæдисы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн  уæвæг   дыууæфарсон  ахастытæ.  Уый Гуырдзыстонæн бирæ  хорз æрхаста, ассоциацидзинады бадзырд нын ис   бафыст  арф æмæ æппæтылæххæссæг  уæгъдибар базарадон тыгъадæй; æнæвизæ дыууæрдæм змæлды  режим дæр нын ис, кæцы хурыскæсæн партнерадæй цух  нæ уыдаит  гæнæн;  уый æппæт  нырид зноны бон у, кæй  зæгъын æй хъæуы.  Ныр хъуыды кæнæм, цæмæй хурыскæсæн партнерад  нырма ис гæнæн   пайдаджын уа  уæ дарддæры къахдзæфты  цæстæнгасæй», – райхъусын кодта  Дирк Шубел.

Дирк Шубелы дзырдæй,  Евроцæдис Гуырдзыстонæн йæ  фарсмæ лæууы.

«Куыд  загътат,  афтæмæй, дыууæ бонмæ публикацигонд уыдзæн   хыгъдлæвæрдтæ.  Уыдоныл комментари саразын мæ бон нæу.  Брюсселы уæвæг  коллегæты  хъуыддаг у уый.  Уыдон кæронбæттæн  штрихтæ аразынц, цалынмæ мыхуыргонд  уыдзæн хыгъдлæвæрдтæ.   Мах  уæддæр  æнхъæлæм, цæмæй  фидæнон  къахдзæфты æрдгæй,  дыууæдæр  Украина æмæ Молдовæ дæр, афтæ  куыд  Гуырдзыстон  фидæны гæнæн ис  дзæбæх спайда кæной  хурыскæсæн   партнерадæй.  Уый цъус ивд у.  Фæстаг афдæз æмæ æрдæгы  дæргъы акценттæ арызтам   нымæцæй къаддæр, фæлæ   актуалондзинадæй  бирæ нысаниуæгджындæр хъуыддæгтыл.  Сæ нымæцы  сегасдæр сæйраг  дыууæ сты  æмæ  уæ приоритеттæ дæр сты. Адон сты бастдзинад æмæ æдасдзинад.  Уыйадыл  иумæ æнæуый дæр  бирæ аразæм дыууæдæр  æрдгæй, фæлæ   æнхъæлын, цæмæй потенциал  нын  фылдæр у.  Йæ æххæстæй  равдисын  æмæ æрхион кæнын у нæ визиты сæйраг нысан. Алкæй нæ фæнды, нæ призмæйæ  ауынæм цы идеятæ уæм ис  æмæ уын базонын кæнæм нæ   хъуыдытæ, кæцы у  нæ вищиты сæйраг нысан.  Кæй  зæгхын æй хъæуы, уый у Гуырдзыстонæн фарсхæцыны  бæлвырдгæнæн дæр, бæрæг у, уæлдайдæр ахæм нысаниуæгджын рæстæджы. Евроцæдис Гуырдзытсонæн йæ фарсмæ лæууы æмæ  дызæрдыг нæ кæнæм, цæмæй бæстæ фидæны  суыдзæн  Евроцæдисы уæнг.  Афтæмæй  мæ  фæнды бузныг уын  зæгъон кæй нæ райстат  уый тыххæй æмæ  æнхъæлмæ кæсæм  хорз диалогмæ», –  райхъусын кодта Дирк Шубел.