Австрийы  фæсарæн хъуыддæгты министр евроцæдисмæ сиды,  ног бæстæты уæнгдзинад  банымайæт, куыд Уæрæсейы знаггадгæнæг æндæвды ныхмæ тохы æнæмæнгхъæудзинад афтæ
Австрийы фæсарæн хъуыддæгты министр евроцæдисмæ сиды, ног бæстæты уæнгдзинад банымайæт, куыд Уæрæсейы знаггадгæнæг æндæвды ныхмæ тохы æнæмæнгхъæудзинад афтæ

Австрийы  фæсарæн хъуыддæгты  министр Александр  Шелленбергы хъуыдымæ гæсгæ,  Евроцæдис «Хурыскæсæн  Партнерады» æмгуыстады форматы нал кусы. Уый фæдыл  уый загъта  «Financial Times»-имæ интервьюйы рæстæджы.

«Хурыскæсæн Патрнерад  кæцы мах бакуыстам   – нал кусы.  Фæтар ис. Хъуамæ   ногæй æркæсæм   Евроцæдисы  сыхагон  политикæйы  æнæхъæн концепци»- банысан кодта  Шалленберг.

Йæ  дзырдæй зæгъгæ Евроцæдисæн сыхаг бæстæтимæ  æрæдгон мадзæлттæй  архайын нал рауайдзæн.

«Вакуум  нæй.  Уый кæнæ мах модел у кæнæ  искæй» – бафтыдта ма уый æмæ Брюссельмæ æрсидтис «мауал уа  зæрдæскъæфт  бахыгъдтæй, законтæй æмæ  деталтæй»  Евроцæдисы  уæнгсуæвыны фарстайыл, фæлæ  нымадмæ райсæт, цææмй  ног бæстæты уæнгдзинад  каст хъуамæ цæуа куыд «Уæрæсейы  знаггадгæнæг  æндæвдадимæ  тох кæныны æмæнгхъæуындзинад».

Шалленберг  европаг  иугондыл ныхасы рæстæджы банысан кодта, цæмæй  блок  хъуамæ  æркæсæд сыхаг бæстæтæн, «Иумæйаг базары хæйттыл»  афтæма, æвзæрст  институтты æмæ  программæтæ  цырдæй  рæувадатдзинад раттын, куыд  хизгæ  процесс æххæстаргъджын уæнгсуæвыны æрдæм, сæ нымæцы   официалон   уынаффæтæ  исæг  органты  хайад райсты  фæрцы.