Хуан Гуаидо - Венесуэлайы гарзджын тыхтæ раст ахицæн кодтой, адæмæн æмæ нæ конституцийæн хæцынц йæ фарс
Хуан Гуаидо Николас Мадуройы ныхмæ тохы скуыддзаггæнæг фазæмæ бахизыны тыххæй хуъсын кæны. Венесуэлайы рæстæгмæ президент цъус рæстæг размæ видео-басидт ахæлиу кодта, кæцыйы мидæг уый тыххæй ныхас кæны æмæ хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ бæстæйы æфсад йæ фарс хæцы. «ВВС» куыд хъусын кæны афтæмæй, видео ист у иуæй-иу æфсæддон авиа-базæйыл. ВИдеойы мидæг зыны Венесуэлайаг оппозиционер Леополдо Лопекс дæр, кæцыйы цъус рæстæг размæ ссæрибар кодтой.
«Венесуэлайæгтæ, рацæут, бацахсæм уынгтæ, узурпацийы кæрон скæнынæн рахæцæм йæ фарс, уый æнæ уый дæр æнæфеугъуыйгæ у. Венесуэлайы националон гарзджын тыхтæ раст скуыддзаг райстой. Уыдон Венесуэлайаг адæмæн æмæ нæ конституцийæн хæцынц йæ фарс» – райхъусын кодта Хуан Гуаидо видео-басидты.