Вэнесуэлайы тæрхондон, Хуан Гуаидойæн, бæстæйы арæнтæй ахизын фæтобæ кодта æмæ йын йæ банкъон хыгъдтæ æрыхгæдта
Вэнесуэлайы тæрхондон, Хуан Гуаидойæн, бæстæйы  арæнтæй ахизын фæтобæ кодта æмæ йын йæ  банкъон хыгъдтæ æрыхгæдта

Вэнесуэлайы тæрхондон оппозицийы лидер, Хуан Гуаидойæн, бæстæйы  арæнтæй ахизын фæтобæ  кодта æмæ йын йæ  банкъон хыгъдтæ æрыхгæдта.   Рауагъдад «Насионалы»   информацийæ,   фæнысангонд   уынаффæ   бæстæйы  Сæйраг тæрхондон  генералон прокуратурæйы  æркуырды  бындурыл рахаста.

Хуан Гуаидойы ныхмæ Вэнесуэлайы  генералон прокуратурæ  фæдæвзарæн  уадзы  тыхми  архæйдты  æрдгæй.  Прокуратурæйы  хъусын кæнынц, цæмæй  Гуаидо  азымджын у   змæстыты  организатордзинады.

Оппозицийы  лидер  æмæ   парламенты спикер  Хуан Гуаидо, кæцы йæхи  рæстæгмæ президентæй  расидтис,   дзуры, цæмæй  сурынæй  нæ тæрсы æмæ  тох дарддæр кæны.

Гуаидо фарсхæцджытæм æрсидтис, 30 январы  протестон  акцимæ   рацæуынмæ.