Венесуэлайы  30  апрелы   змæстыты  рæстæджы  109  адæймаг фæцæф ис
Венесуэлайы 30 апрелы змæстыты рæстæджы 109 адæймаг фæцæф ис

Венесуэлайы  30 апрелы  æрцæугæ  растады  рæстæджы 109  адæймаг райстой  зиæнттæ.  Уый фæдыл ныгуылæйнаг  медий, бынæттон  медицинон центртыл  æнцойæ хъусын кæны.  Бæрæг у, цæмæй  цалдæр зианбаййафæгæн фæбæрæг ис  æхсæнгарзæй хъæдгæмттæ.

«Гардиан» куыд хъусын кæны афтæмæй,   ацы сахат Венесуэлайы сæйраг сахары  уавæр сабыр у, фæлæ Хуан Гуаидойы фарсхæцджытæ зæгъгæ, фыццаг майы  масштабон  демонстрацимæ рахизын хъавынц. Массон  акциты  райдайыны фæдыл, Венесуэлайы рæстæгмæ  президент,  фарсхæцджытæм цалдæр боны размæ æрсидтис.

30 апрелы Венесуэлайы  змæстытæ  райдыдта, кæцы Николас Мадуройы  оппонент  Хуан Гуаидо  специалон видео-сидт куы ахæлиу кодта уый фæстæ.  ВИдеойы  уый  Мадуройы ныхмæ   тохы  скуыддзагæнæг фазæмæ  бацæуыны  фæдыл райхъусын кодта.  Каракасмæ  хæстиæг уæвæг авиабазæйыл   ныффыст видеойы ахæлиуы  фæстæ,   уынгтæм мингай   адæймагы рацыд.  Барадахъахъъхæнджытæ  активистты  фæстæмæ апарын  æнæхъæнбоны  дæргъы  архайдтой, изæры та Николас  Мадуро,  растады абсæттыны фæдыл райхъусын кодта.

Цыдæриддæр та Хуан Гуаидомæ æххæссы,  «CNN»-ы хъусинагæй,  уый сæйраг  сахарæй йæхи айста.  Бæлвырдæй  кæм  ис  ацы  тæккæ,  бæрæг нæу.  Æнæкæсгæ  уымæ, рæстæгмæ   президент  ноджы иу  видео-сидт  ахæлиу кодта, кæцыйы мидæг венесуэлайæгтæм, длемонстраци  адарддæр кæнынмæ æрсидтис.