Хроникон низты хосгæнæн медикаментты балхæнын, социалонæй цыбыркъух уæнгтимæ иумæ, пенсионертæн, амалхъомдзинад цух уæнгтæн æмæ æндæр къордтæ иу ларийы аргъæй уыдзæн сæ бон
Хроникон низты хосгæнæн медикаментты программæмæ ивдтытæ цæуынц хаст, кæцымæ гæсгæ, архайæг дифференцирдзинад ист æрцæудзæн æмæ социалонæй цыбыркъух уæнгтимæ иумæ, пенсионертæн, амалхъомдзинад цух уæнгтæн æмæ æндæр къордтæн медикаментты иу ларийæ балхæнын уыдзæн сæ бон – уый фæдыл премьер-министр Мамука Бахтадзе райхъусын кодта хицауады абоны рабадты размæ уагъд брифингыл.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æмбæлон инициативæ абон хицауады рабадтыл кастæуы.
Премьер райхæлдта, цæмæй дзырдæуы 35 номхуынды медикаментыл.
«Абон хицауады рабадтмæ хæссæм иттæг нысаниуæгджын инициативæ. Хроникон низты хосгæнæн медикаментты программæмæ бахæсдзыстæм ивд æмæ абонæй 35 номхуынды медикаментыл , кæцытæй пайда кæнынц хроникон низты рæстæджы, адон сты: зæрдæ æмæ тугдадзинаты низты, уартæнгæс рæзынæгы, эпилепсийы, рæуджыты, паркинсоны нызтæ»,- райхъусын кодта премьер.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, куыст адарддæр уыдзæн, цæмæй медикаменттæн а.х. дзиппæй бафидгæ суммæтæ минималон суа.
«Дзыллæйæн дзырд дæттын, цæмæй куыст адарддæр кæндзыстæм, цæмæй не мбæстæгтæн, сæ дзиппæйы бафидгæ суммæтæ медикаменттæ минималон уа»,- райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.