Хорватийы премьер – Украинæмæ бырст куы нæ уыдаит, уæд никæд бонты ахизын кодтаиккам Украинæ, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны уыцы жтапмæ, кæцыйыл сты хуссар-хурыскæсæн Европæйы æмæ Нуыглæн Балканты бæстæтæ
Ныгуылæн Балканты бæстæты лидертæ «Бледы Стратегион форумыл» Евроцæдисы ауæрæхы фарстайы фæдыл фæныхас кодтой.
Хорватийы премьер-министр Андрей Пленкович æмæ йæ албайнаг коллегæ Эди Рама райхъусын кодтой, цæмæй Уæрæсейы Украинæмæ бырст, Ныгуылæн Балканты бæстæты уæнгсуæвыны процесс фæтагъддæр кодта.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, фæстаг цалдæр азы дæргъы бафæрæзтам, Ныгуылæн Балканты темæ боны фæткмæ рахастаиккам, уымæн æмæ уый бæрæг рæстæджы дæргъы сæфт уыдис. Фæлæ хъуамæ зонæм, цæмæй фæстаг азты ауæрæхæн йæ къух сарызта Владимир Путин. Украинамæ бырст куы нæ уыдаит, уæд мах никуы ахизын кодтаиккам Украинæ, Молдовæ æмæ Гуырдыстоны уыцы этапмæ, кæцыйыл сты хуссар-хурыскæсæн Европæйы æмæ ныгуылæн Балканты бæстæтæ» .
Евроцæдисы план кæны, сыххæст кæна æхсæз миллиард евройы аргъы иумæйаг рæзты план, цæмæй баххуыс кæна Ныгуылæн Балканты бæстæтæн, кæцытæ Евроцæдиcы уæнгсуæвынмæ тырнынц, цæмæй саразой регионон иумæйаг базар æмæ интегриргонд уой иумæйаг Европаг базармæ. Æхсæз миллиард евройы пакетæй, фидтонты сыххæст уыдзысты 2027 азмæ алы æхсæз мæйы иу хатт уыцы бæстæтæн, кæцытæ хъæугæ реформæтæ сыххæст кодтой.