Хорватийы премьер – Оккупацигонд территориты реинтеграцийæн, Гуырдзыстонæн йæ бон у Хорватиаг моделæй спайда кæнын
Хорватийы премьер-министры Андрей Пленковичы дзырдæй, Гуырдзыстон æмæ Украинæйы оккупацигонд территориты реинтеграцийæн Хорватийы фæлтæрддзинад сæ зæрдыл бадарын у сæ бон.
Ацы фидиуæны Андрей Пленкович Мюнхены æдасдзинады конференцийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы сарызта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хорватийæн территориты реинтеграцийы хъуыддаджы ахъаз уыдысты уынаффæтæ, кæцытæ бындурæвæрд уыдысты, «æлхъывдад æмæ дипломатийыл».
«Уыдис нæм дыууæ рацæуæн – æфсæддон æмæ дипломативон. Рацæуæн кæцы бындурæвæрд уыд æлхъывдадыл æмæ дипломатийыл, уый фæстиуæгæн нæ территориты реинтеграци æрхаста», – райхъусын кодта Хорватийы премьер.
Дзырдæй ралæуды рæстæджы Хорватийы хицауады сæргълæууæг йæ фарс рахæцыд Гуырдзыстон æмæ Украинæйы Евроцæдисы æмæ НАТО-мæ интеграцийæн.
«Гуырдзыстон æмæ Украинæ, евроцæдисы æмæ НАТО-ы уæнгтæ куы уыдаиккой, уæд ацы бæстæты уавæр бынтон æндæр уыдаит», – райхъусын кодта Пленкович.