Хицауады барамындæй, 198 лигъдон уæнгæн символон аргъæй фактон исадмæ лæвæрд уыд паддзахады исады уæвæг зæххы фадгуытæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы къухдариуæгæй, хицауады администрацийы ацыд хицауады рабадт. Министрты кабинет бонвæткæй бæрæг авд фарста æркастис.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, хицауад сбæлвырд кодта барамынд паддзахадон сæрмæмулкы уæвгæ æнæзмæлгæ мулкы лæвар раттыны формæйæ приватизацийы фæдыл, кæцымæ гæсгæ дæр, 198 лигъдон уæнгæн, символон аргъæй, иу ларийæ сæрмæмлукмæ æрцыд лæвæрд, 198 зæххы фадыг.
Фæнысангонд зæххы фадгуытæ сты Гуры æмæ Карелы муниципалитетты æмæ сæ фактон хицæуттæ сты лигъдæтты компактонæй цæрæн сыхы цæрæг лигъдон уæнгтæ.