Хицауады администрацийи цур  Михеил Саакашвилийы фарсхæцæг акци  цæуы
Хицауады администрацийи цур Михеил Саакашвилийы фарсхæцæг акци цæуы

Хицауады  администрацийы цур, Михеил Саакашвилийы  фарсхæцджытæ æмæ бинонты уæнгтæ  акци уадзынц.

Акцийы  хайадисджыты хай, Михеил Саакашвилийы ссæрибар кæнын, иннæ хай та,  Саакашвилийы  оскæнынмæ фæсарæнтæм  аласын домы.

«Ацы акцийы нысан у, цæмæй фервæзын кæнæм  иу адæймаджы  цард. Райгонд, арфæгæнæг дæн  «Вивамедийы»  дохтыртæй, фæлæ проблемæ уый мидæг ис, цæмæй  уавæр нæ  фæхуыздæри,  пацент уæззау у», –  банысан кодта Михеил Саакашвилийы мад Гиули Аласаниа.

Акцийы афтæдæр  хайад исынц, оппозицион партиты  минæвæрттæ. Хицауады  администрацийы  цур  сты «Националон Змæлды» «Лелойы»  æмæ «Стратегиа Агъмашенебелийы»  уæнгтæ, афтæма  акцийы  ис Зураб Джапаридзе дæр.

Хицауады  администрацийы  цур  æрымбырдуæвджытæ куыд дзурынц афтæмæй,   абоны акци  у  рагфæдзæхстон æмæ уыцы цауы, кæд мæ иу къуыримæ  хицауад  Саакашвилийы фæсарæнтæм хоскæнынмæ арвитыны уынаффæ  нæ  рахæсдзæн, уæд  перманентон протестон акцитæм рахиздзысты.