Хицауады администраци – Китайы минæваримæ фембæлдыл премьер фæсмон кодта Гуырдзыстоны президенты фидиуæны тыххæй æмæ ныфс равдыста, ома ацы фидиуæн нæ разнаггад кæндзæн Китай-Гуырдзыстоны ахастыты позитивон динамикæйæн
Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили Китайы Адæмон Республикæйы минæвар Чжоу Циенимæ фембæлдис.
Гуырдзыстоны хицауады информацийæ, фембæлдыл фарсытæ райгæйæ банысан кодтой дыууæ бæстæйы хæларон æмæ стратегион партнерад, афтæма æркастысты дыууæфарсон ахастыты цæугæ бонвæтк.
«Бæрзонд аргълæвæрд уыд бæстæты æхсæн æндæр æмæ æндæр сферæты стратегион æмгуыстады интенсификацийæн æмæ раагъдæуыд ныфс, ома стратегион ахастыты формат йæ къух сараздзæн фадыгон, экономикон æмæ базарадон ахастытæн, адæмты æхсæн цæдистæ ноджы фылдæр фæарфдæрæн.
Премьер-министр ноджы иу хатт æвæрццаг аргъ скодта Китайы Адæмон Республикæйы президенты сæрмагонд ролæн, цæстæнгас æмæ эффективон хицаудзинадыæнтыстытæн Китайы тарнсформацийы æмæ рæзынады, иурæстæгонæй Китайы президенты къухадриуæгæй Китайы хицауады палнгонд æндæр æмæ æндæр масштабон реформæ, сæ нымæцы глоаблон нысаниуæгы инициативæтæ, афтæма Китайы прехиденты хъауджыгонд æмæ сæрмагонд цæстæнгас регионон, æхсæнадæмон проблемæты аскуыддзагы æмæ срегулир кæныны æрдгæй.
Фембæлдыл премьер-министр иурæстæгонæй аргъ скодта Гуырдзыстоны президенты фидиуæнæн Китайы Адæмон Республикæйы Си Дзинпины фæдыл, кæцыйы уый францаг телеуынынадон канал «LCI»-имæ интервьюйы æмæ банысан кодта, цæмæй ахæм фидиуæн категорионæй нæрайсгæ æмæ мæтæфтауæг у.
Премьеры фидиуæнæй, Гуырдзыстон у парламентон республикæ, кæцыйы президент не ххæст кæны бæстæйы æддагон политикæ. Гуырдзыстоны æддагон политикæйы сыххæст Гуырдзыстоны хицауады эксклюзивон æххæстбар у æмæ ахæм мандат гуырдзиаг адæмæй æрмæст Гуырдзыстоны хицауадмæ у лæвæрд. Уый тыххæй дæр Гуырдзыстоны президенты фидиуæн формалонæй дæр не вдисы Гуырдзыстоны хицауады ахаст Китайы паддзахадмæ æмæ йæ лидермæ. Премьер-министр фæсмон кодта президенты фидиуæны тыххæй æмæ ныфс равдыста, ома президенты фæнысангонд фидиуæн æндæвдад не скæндзæн, нæ разнаггад кæндзæн Гуырдзыстон æмæ Китайы ахастыты иттæг позитивон историон динамикæйæн.
Фембæлды кæрон фарсытæ равдыстой цæттæдзинад, адарддæр кæной ахастыты активон бонвæтк æмæ бакусой дыууæ бæстæйы цæдисты ноджы стынгдæр кæнынæн», – банысангонд у Гуырдзыстоны хицауады ахæлиугонд официалон информацийы.