Хицауад экономикæ райрæзын кæныны дæргъвæтин планыл куыстмæ æрывнæлдта
Оккупацийы фæстæ нæ цæрджытæн сегасдæр стыр быцæусидт у экономикæ, мæгуырдзинад, æгуыстдзинад æмæ мах нæ иумæйаг тыхархайд растдæр ацы æрдæм хъуамæ раздахæм. Ацы проблемæ алыг кæнынæн хъуамæ уа нæ сæйраг акцент, æмæ ма хъуамæ уа æнæхъуыды политикон хъæлæба æмæ быцæудзинадмæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили райхъусын кодта.
Хицауады сæргълæууæг хицауады абоны рабадтыл куыд загъта, афтæмæй, зæгъгæ бæстæйы нысаниуæгджын быцæусидтытæ ис мæгуырдзинады æрдгæй, кæцы фидæн азты этапгай алыг кæнын хъæуы.
«Нæ приоритеттæй сæ иу уыдзæн экономикæ райрæзын кæныны дæргвæтин план бакусын æмæ бавдисын. Абон сфидар кæндзыстæм хицауады рабадтыл паддзахадон комиссийы саразын, кæцы кусдзæн æввахс æртæ мæйы дæргъы фæнысангонд экономикон рæзынады планыл æмæ фыццаг документы бавдисдзæн зæрдæвæрæны кæрон. Комиссийы хайад райсдзæн алы уыцы интересджын уæнг, цахæмдæр сты хицæн секторы минæвæрттæ, æрхонгæ эксперттæ. Нæ рард уыдзæн алкæцы æрдæмадæй, куыд гæнæн ис, афтæ тагъд бавдыстæуа конкретон дæргъвæтин рæзынады план», – райхъусын кодта Гъарибашвили.