Хицæнгонд дзыллæты æхсæн базарадон-экономикон æмахастытæ баахъаз кæнынæн скуыста «Сабырады Фонд Хуыздæр Фидæнæн»
Сабырадон инициативæйы фæлгæтты ацы аз æххæстаргъджын скуыста финансон механизм «Сабырады фонд Ххуыздæр фидæнæн», кæцы нæкæсгæ пандемимæ æнтыстджынæй ауагъдта фыццаг грантон конкурс, – уый фæдыл райхъусын кодта фидыд æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты паддзахадон министр Тея Ахвледиани , афæдзон хыгъдлæвæрд бавдисыны рæстæджы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ дзыллæты æхсæн базарадонэкономикон ахастытæ баахъаз кæнынæн, ныри æвзæрст æрцыд 14 хуыздæр бизнес-проект, кæцыты финансдзинад иннæ азæй райдайдзæн.
«Банысан кæнын хъæуы уый, цæмæй фонд грантты æхсæнадæмон партнерты финансдзинады фæрцы дæтты; ацы æрдгæй цæттæдзинад нырид сбæлвырд кодтой Германи æмæ Швейцари. Рухсадон механизмы тыххæй куы зæгъæм – скъолайы фæстæ бацæттæгæнæн æмæ æндæр уæлбарджын программæты фæстиуæгæн, ацы аз Гуырдзыстоны бæрзонддæр ахуыргæнæндæттæм, ист æрцыдсты оккупацигонд регионтæй æртæхаттонæй фылдæр, – 400 студент. Ай у прецедент, цæмæн нæй ахæм программæ æмæ здæхт у фæсивæды домæнтæм æмæ йæ хъуыдыйы дары ахуыры финансдзинад, стипендиты æмæ цæрæнуаттæй ифтонгад», – райхъусын кодта Тея Ахвледиани.