Хицæнгонд дзыллæты æхсæн базарадон-экономикон  æмахастытæ баахъаз кæнынæн скуыста  «Сабырады Фонд Хуыздæр Фидæнæн»
Хицæнгонд дзыллæты æхсæн базарадон-экономикон æмахастытæ баахъаз кæнынæн скуыста «Сабырады Фонд Хуыздæр Фидæнæн»

Сабырадон инициативæйы  фæлгæтты ацы аз  æххæстаргъджын скуыста  финансон механизм «Сабырады фонд Ххуыздæр фидæнæн», кæцы  нæкæсгæ пандемимæ æнтыстджынæй ауагъдта  фыццаг грантон  конкурс, –  уый фæдыл райхъусын кодта  фидыд æмæ æмбæстагон æмбарады  фарстæты  паддзахадон министр  Тея Ахвледиани , афæдзон хыгъдлæвæрд бавдисыны  рæстæджы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  дзыллæты  æхсæн базарадонэкономикон  ахастытæ баахъаз кæнынæн,  ныри  æвзæрст æрцыд 14  хуыздæр бизнес-проект, кæцыты  финансдзинад  иннæ азæй  райдайдзæн.

«Банысан кæнын хъæуы уый, цæмæй   фонд  грантты  æхсæнадæмон партнерты финансдзинады фæрцы  дæтты; ацы æрдгæй  цæттæдзинад нырид  сбæлвырд кодтой Германи æмæ Швейцари. Рухсадон механизмы тыххæй  куы зæгъæм – скъолайы  фæстæ  бацæттæгæнæн  æмæ æндæр уæлбарджын  программæты фæстиуæгæн,  ацы аз Гуырдзыстоны  бæрзонддæр ахуыргæнæндæттæм, ист æрцыдсты  оккупацигонд регионтæй  æртæхаттонæй фылдæр, –  400 студент.  Ай у прецедент, цæмæн нæй ахæм   программæ æмæ  здæхт у  фæсивæды домæнтæм  æмæ йæ хъуыдыйы  дары  ахуыры финансдзинад, стипендиты æмæ цæрæнуаттæй  ифтонгад», –  райхъусын кодта Тея Ахвледиани.