«Хезболла» Хасан Насраллайы мæлæт бæлвырд кæны
«Хезболла» Хасан Насраллайы мæлæт бæлвырд кæны

Ливаны шиитаг къорд «Хезболла» Хасан Насраллайы мæлæт бæлвырд кæны.

«Хезболлайы» рапарахатгонд фидиуæны банысангонд у, цæмæй къорд адарддæр кæндзæн тох Израилы ныхмæ, æххуыс кæндзæн Газа æмæ Палестинæйæн, хъахъхъæндзæн Ливаны адæмы.

Хасан Насраллайы скуынæг кæныны фæдыл информаци Израилы хъахъхъæнынады тыхтæ парахат кодтой. Сæ ныхæстæм гæсгæ, бабырсты фæстиуæгæн, Насраллайæ дарддæр ма скуынæг кодтой «Хезболлæйы» æндæр уæнгтæ дæр, уыдон нымæцы хуссайраг фронты командæгæнæг дæр.

Информацимæ гæсгæ, знон израил «Хезболлайы» централон штабмæ æрбабырста. Израилы æфсæддонтæ хъусын кæнынц, цæмæй къорды штаб ис цæрæн хæдзæртты бын Дахийы горæтгæрон, Бейрутæй хуссарæрдæм.