Хъазахстаны сæйраг горæты 19 январмæ архайдзæн уæлвæтк уавæры режим

Хъазахстаны  президент  бæстæйы  сæйраг горæты абонæй 19  январмæ  æрбайста уæлвæтк уавæры режим.

Æмбæлгæ барамынд  Хъазахы  президенты официалон веб-фарсыл у публикацигонд.

Барамындмæ гæсгæйæ,  Хъазахстаны сæйраг горæты   æхсæвы  23:00 сахатæй  сæумæрайсомы 07:00 сахатмæ  комменданты  сахат уыдзæн.

Нур-Султаны  тобæ  уыдзæн  транспорты змæлд. Афтæма   арæнгонд уыдзæн  сæйраг горæтмæ ныццыд  æмæ  уырдгæй  рацæуын. Фæдзæхст у  протестон акцитæ ауадзын æмæ  куыстурæдтæ.

Уæлвæтк уавæры режимы фæлгæтты  медикаментты æмæ алкоголон ныуæзты  ауæйы  специалон  уаг  архайдзæн.