Хавьер Коломина - НАТО сиды Гуырдзыстоны хицауадмæ, демократон институттæ фæтынг æмæ евроатлантикон интеграцийæн реформæтæ фæтагъд кæна
НАТО сиды Гуырдзыстоны хицауадмæ, фæтагъд кæна реформæтæ демократон институтты фæтынг кæнынæн æмæ гуырдзиаг адæмы евроатлантикон интеграцийы æрдæм тырнынадæн феххуыс кæнынæн, – уый фæдыл Хуссар Кавказ æмæ Централон Азийы НАТО-йы генералон нымæрдары специалон минæвар Хавьер Коломина фыссы социалон хызагы.
«НАТО æнцой дары Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, Гуырдзыстонимæ нæ дæргъвæтин партнерады иузæрдыг у. Сиды йæ хицауадмæ, фæтагъд кæна реформæтæ демократон институттæ фæтынг кæнынæн æмæ гуырдзиаг адæмы евроталантикон интеграцимæ тырнынадæн фæндаг раттыны нысанæн», – фыссы Коломина социалон хызагы.