Хавьер Коломина – Гуырдзыстон НАТО-ы сппæтæй хæстæг партнертæй сæ иу у, фæстаг мæйты дæргъы Гуырдзыстонимæ политикон диалог тынг фæстиуæгджын æмæ интенсивонæй цæуы
Гуырдзыстон НАТО-ы сппæтæй хæстæг партнертæй сæ иу у æмæ уымæн ис бирæ æфсон – ацы фидиуæн Хуссар Кавказы æмæ Централон Азийы НАТО-ы генералон нымæрдары специалон минæвар Хавьер Коломина «Гуырдзыстоны стратегийы æмæ рæзынады центры» организацигонд онлайн дискуссийы рæстæджы сарызта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон аспирант æртæ бæстæйæ сæ иу у, кæцы аты дæргъы нысаниуæгджын хайбаваæрд кодта НАТО-ы операицты. Уыимæ иумæ ма банысан кодта, ома фæстаг мæты дæргъы Гуырдзыстонимæ политикон диалог тынг фæстиуæгджын æмæ интенсивонæй цæуы.
«Гуырдзыстон НАТО-ы аспирант æртæ бæстæйæ сæ иу у, кæцы аты дæргъы нысаниуæгджын хайбаваæрд кодта НАТО-ы операицты æмæ нын ис бирæ ахæм быцæусидт. Гуырдзыстонимæ политикон диалог тынг фæстиуæгджын æмæ интенсивонæй цæуы. Кусæм Гуырдзыстон-НАТО-ы комиссийы фæлгæтты, кæцы йæхæдæг нысаниуæгджын у, уымæн æмæ НАТО-ы æрмæст цалдæр партнерæн ис спецификон платформæ НАТО-имæ æмкуысткæнынæн. Ацы рæстæджы , НАТО-ы æфсæддон комитет уазæгуат уыдис Гуырдзыстоны æмæ мæхæдæг дæр уыдтæн Гуырдзыстоны октябры. Диссаджы фембæлдтæ мын уыд Гуырдзыстоны хицауады уæнгтимæ. Практикон æмгуыстад у уæрæх æмæ активон. Нæй партнерадæн нысанон инструмент, кæцы нæй Гуырдзыстонæн. Ис нæм бирæ мæцъистæ, кæцытæй Гуырдзыстон дзæбæх пайда кæны. Уый æххæссы ахуыртæм, тренингтæн æмæ а.д. Гуырдзыстон, НАТО-йæн у иуæй-иу сегасдæр активон партнер æмæ нын тынг дзæбæх æмахаст ис» – райхъусын кодта Хавьер Коломина.