Хавьер Коломина – архайадон реформæты имплементацийы æмæ темпы æрдгæй фидар сагъæстæ ис
НАТО тынг æнгом баст у Гуырдзыстонимæ æмæ хъуыддаг, кæцыйы дыууæфарсон форматы аразæм, дыссаджы хъуыддаг у, – уый фæдыл Хуссар Кавказ æмæ Централон Азийы НАТО-йы генералон нымæрдары специалон минæвар Хавьер Коломина райхъусын кодта.
Хавьер Коломина куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстон НАТО-йæн фундаментон партнер у.
«НАТО тынг æнгом баст у Гуырдзыстонимæ æмæ хъуыддаг, кæцыйы дыууæфарсон форматы аразæм, дыссаджы хъуыддаг у. Тынг эффективонæй архайæм алы фадатæй, кæцы нæм æфты нæ парнерадæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый тынг æвæрццаг у хъуыддаг куы æххæссы уæ тыхты æмбынатидзинадмæ, профессионализммæ, практикон æмгустадмæ æмæ политикон диалогмæ, кæцы нын ис уæ бæстæимæ. Абсолютонæй иузæрдыаг стæм гом дуары политикæйы æмæ уынаффæты кæцытæ 2008 азы Бухаресты саммитыл рахастам, афтæдæр Гуырдзыстоны евроатлантикон тырнынады иузæрдыг стæм», – райхъусын кодта Коломина.
Афтæма, йæ дзырдæй зæгъгæ ис реформæтæ, кæцытæ ацы бæстæ хъуамæ сыххæст кæна, фидар сагъæстæ ис архайадон реформæты имплементацийы æмвæзады æмæ темпы тыххæй, афтæ куыд фæсарæйнаг æнæдады проектты фæдыл, афтæма реакцитыл, кæцы фæстаг бонты æрцыд Уæрæсейы иуфарсон уынаффæйы фæстæ, цæмæй сног кодтаит тахтытæ.
«Реакцитæ, кæцыты кæсæм æмæ уынæм, сты махæн мæтæфтагуæг. Æз базонын кодтон ацы æрвитæггаг уæ хицауадæн. Æмбарæм, цæмæй уый Мæскуыйы иуфарсон уынаффæ у, фæлæ реакцитæ Гуырдзыстоны æрдгæй уыцы рæстæджы критикон момент куы лæууы, уæд алчи амалуæвгæйæ хъуамæ баххуыс кæнæм Украинайæн. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм реакцитæ гæнæн ис, баууон кæной, ома Уæрæсейы æрдгæй санкциты иуфарс ацыды факттæ ис ацы конкретон моменты. Уый тыххæй хъуамæ уæм тынг дырыс, алчи хъуамæ уæм Украинайæн, уый у цæй æнхъæл стæм Гуырдзыстонæй æмæ алы партнерæй реакцитæ, кæцыты кæсæм, кæй зæгъын æй хъæуы махæн мæтæфтауæг сты æмæ уый дæр фехъусын кодтам уæ хицауадæн», – загъта Хавьер Коломина.