Хъавелашвили Михаил бабæрæг кодта националон хъахъхъæнынады академи æмæ Гуры фыццаг фистæгæфсады бригадæ
Хъавелашвили Михаил бабæрæг кодта националон хъахъхъæнынады академи æмæ Гуры фыццаг фистæгæфсады бригадæ

Гуырдзыстоны президент Михаил Хъавелашвили Давит Агъмашенебелийы националон хъахъхъæнынады академийы æмæ Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты хурскæсæн командæйы 1-æм фистæг бригады бабæрæг кодта.

Хъахъхъæнынады тыхты сæйраг командæгæнæгæн фысым уыдысты вице-премьер, хъахъхъæнынады министр Ираклий Чиковани, хъахъхъæнынады тыхты командæгæнæг, инæлар-майор Гиорги Матиашвили æмæ хъахъхъæнынады тыхты æндæр бæрзонд рангы кусджытæ.

Националон хъахъхъæнынады академийы структурæимæ, нысæнттæ æмæ хæслæвæрдтимæ Михаил Хъавелашвилийы академийы къухдариуæггæнджытæ базонгæ кодтой. Президент бабæрæг кодта кадетты казармæтæ, кълæстæ, хæрæндон, лазарет, фæлладуадзæн æмæ спортивон фæзуæттæ, афтæ ма уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндоны территорийыл уæвæг музей, æмæ сарæзта фыст уазджыты чиныгмæ.

Хъавелашвили Михаил 1-æм фистæг бригадæйы дæр бабæрæг кодта, цы ран базыдта æфсæддон хайы нысæнттæ æмæ басгæрста инфраструктурæ.