Хатуна Самнидзе – райсом æвзæрстытæ куы уа, мæ хъуыдымæ гæсгæ мах цæттæ не стæм
Райсом æвзæрстытæ куы уа, уæд мæ хъуыдымæ гæсгæ, мах цæттæ не стæм, – уый фæдыл оппозиционер депутат «Республикаг партийы» сæрдар Хатуна Самнидзе «Тв Пирвелийы» эфиры загъта.
Самнидзейы дзырдæй, цавæр уыдзысты æвзæрстытæ -2024 азы æви уæлрадон, уый политикон процессæй суыдзæн бæрæг æмæ ныр тынг зын у, исты прогноз саразын.
«Фæлæ зæгъгæ райсом æвзæрстытæ куы уа, уæд мæ хъуыдымæ гæсгæ мах цæттæ не стæм. Нырма уый, цæмæй тынг бирæ цыдæр саразын хъæуы уый тыххæй, цæмæй фылдæр æмбæстагы бауырнын кæнæм, æвзæрстытæм рацæуын æмæ оппозицийæн схъæлæс кнын. Уый тыххæй нæ хъæуы фылдæр рæстæг, «Гуырдзиаг Бæллицц» фылдæр раргом кæнын. Уый нæ нысан кæны, цæмæй æвзæрстытæ куы уа «Гуырдзиаг Бæллицц» тынг æнцонтæй фæуæлахиз уыдзæн, уый та уымæн ахуыр фалсификацитæ райдайдзæн, фæлæ хъуамæ уырнæг уæм, цæмæй системæ у рæвдзгонд, системæ нырма рæвдз нæу куыд æй зонут афтæмæй. Хъуамæ уырнæг уæм, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ раст уынынц цы аразы оппозици æмæ цы аразы хицауад, бæлвырд хъуамæ зонæм, цæмæй ацы процессы активон уыдзæн нæ æмбæстаг.
Уый тыххæй загътаин, политикон процесс у уый дæр, гæнæн ис æвзæрстытæ уа уæлрадон кæнæ плангонд, фæлæ цыфæнды цæуы, хъуамæ уæм цæттæ, цæмæй ралæууæм æвзæрстгæнджыты раз дырыс позициимæ, цæмæй хъуамæ сывзара альтернативæйæ оппозици æмæ цæмæн мауал хъуамæ баззайа хицауады «Гуырдзиаг Бæллицц», – райхъусын кодта Хатуна Самнидзе.