Хатуна Самнидзе  хъусын кæны, цæмæй   фæдагурæг  комисси саразыны фарстайыл хъæлæскæнынад 18 апрелы  пленарон рабадтыл  ацæудзæн
Хатуна Самнидзе хъусын кæны, цæмæй фæдагурæг комисси саразыны фарстайыл хъæлæскæнынад 18 апрелы пленарон рабадтыл ацæудзæн

 

Оппозиционер депутат Хатуна Самнидзейы  фидиуæнæй,   рæстæгмæ   фæдагурæг   комисси саразыны  фæдыл фарстайыл  хъæлæскæнынад 18 апрелы   пленарон  рабадтыл ацæудзæн.

Самнидзейы  дзырдæй,  уыдон зæгъгæ баздæхдзысты бюромæ, цæмæй ацы фарста   бонвæткы слæууа.

«Алы депутатæй курæг дæн,  иуфарс авæрой алцыппæт,  иумæ уæм  æмæ комисси  саразæм. Фондз  оппозиционер сылгоймаг – æз, Тамар Кордзаиа, Теона Акубардиа, Ана Нацвлишвили æмæ Саломэ Самадашвили  нæхимæ систам бæрн, цæмæй  алы оппозиционер  депутатмæ  фæдзурдзыстæм æмæ   сифтонг кæндзыстæм цæмæй  сæрмагондæй сæхæдæг уæд   информиргонд æмæ   дыццæджы  уæм  залы», –   райхъусын кодта Хатуна Самнидзе.

Бæрæгдзырдæн, оппозици президентмæ 11 апрелы парламенты уæлрадон рабадт  æрзоныны  куырдиатæй  10 апрелы, боны фыццаг æрдæджы баздæхт. Фæстæдæр та, оппозицийы   минæвæрттæ  президент Саломэ Зурабишвилимæ  басидтысты, цæмæй  Анна Цъитлидзейы æмæ Леван Хабеишвилийы   бæстæйæ аццыды  тыххæй, 11  апрелы  сæ æркуырд  уæлрадон  рабадт мауал снысан кодтаит.