Хъахъхъæнынады тас фæкъаддæры фæдыл АИШ-ы агентады организацигондæй Тбилисы быдырон-практикон ахуыр райдыдта
Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куыст фысым кæны масштабон мадзалæн, быдырон практикон æхсæнуагдонон ахуыртæн. ПÆК-ы информацийæ, ахъуыртæн сæ нысан у химикон, биологион, радиацион æмæ атомон тасы хæлиукæнынады ныхмæ тох. Уыимæ, сæ информацийæ, ахуыр цæуы АИШ-ы хъахъхъæнынады тас фæкаддæры агентады (DTRA) организацигондæй æмæ йæм цæст дардзæнис Америкæйæ æрцæугæ бал.
«Банысан кæнын хъæуы уый æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон æдадсзинады куысты æмæ АИШ-ы хъахъъхæнынады тас фæкаддæры агентадимæ бирæазон æмгуыстады фæстиуæгæн гуырдзиаг спец-куыст нысаниуæгджынæй сбæрзонддæр кодта профессион фæлтæрдтæ, æмбæлгæ хайадтæ ифтонггонд сты специалон ифтонггæрзтæй æмæ æнтыстджынæй кусынц, химикон, биологион, атомон æмæ радицаион æдадсзинады, рæмудзæн гарзæгты сæнæзианхъом кæныны æмæ массон скуынæгы хæцæнгарз æнæахæлиуы сферæйы.
Паддзахадон æдасдзинады куысты ахуыргæнæндон центры уагъд байгомы церемонийыл уыдысты, АИШ-ы хъахъхъæнынады тас фæкаддæры агентады, Европæйы АИШ-ы авиацион тыхты æмæ Джорджиайы штаты националон гвардийы минæвæрттæ, МХМ-ы уæлвæтк уавæрты куысты къухдариуæггæнæг æмæ ахуырты хайадисæг уагдæтты бæрнон уæнгтæ. Ахуыр цæудзæн 19 августмæ», – банысангонд у ПÆК-ы информацийы.