Хъахъхъæнынады министрад, коронавирусы ахæлиуы превенцийы нысанæй, арæнæвæрдтæ сфидар кодта
Хъахъхъæнынады министрад, коронавирусы ахæлиуы превенцийы нысанæй, арæнæвæрдтæ сфидар кодта

Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  министр, Ираклий Гъарибашвили, коронавирусы ахæлиу маруадзыны нысанæй,  специалон бардзырд адæтта.

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады  информацийæ,   Ираклий Гъарибашвилийы   скуыддзагæй, хъахъхъæнынады  уагдоны  уыцы   кусджытæ,  кæцытæ фæстаг   дыууæ къуырийы  дæргъы  уыдысты  Китайы, Хуссар Кореяйы, Иран æмæ  Италийы,  куыстбынæттæм  нæ фæзындзысты  дыууæ  къуырийы   дæргъы.

«Бардзыд  æххæссы  уыцы   уæнгтæм дæр,   кæцытæн фæстаг дыууæ къуырийы  дæргъы, фæнысангонд бæстæтæм  визит пълан кæнынц.  Министры бардзырдæй,   уыдонæн  сæ  мызд нæ бауромдзысты æмæ æнæивгæйæ  сæм цæудзæн лæвæрд.  Æргъæвд  æрцыд кæнæ та  бынтон   аивдтой  Китаймæ, Хуссар Кореямæ, Иран æмæ Италимæ  нысангонд  куыстæй  хуъыддагмæ æрвыстытæ дæр», –  хъусын кæнынц   хъахъхъæнынады  министрады.