Хъахъхъæнынады министрад - Гуырдзыстонæн «БУК-ы» æмæ «Джавелинты» системæтæ лæвар нæ уыдысты
Гуырдзыстоны хъахъъхæнынады министрад «БУК»-ы уæлдæфон иргъæфы системæты æмæ «Джавелинты» фæдыл публикаци кæны фидиуæн.
Министрады куыд æмбарын кæнынц афтæмæй, раст нæу информаци, ома Украина Гуырдзыстонæн «БУК»-ы уæлдæфон иргъæфы системæтæ лæвар ратта.
Афтæма сæ информацийæ, дæсгай милуан лдоллар уыд фыст 2017 азы, АИШ-æй танкыныхмæ системæ «Джавелинты» балхæнынæн.
«Фæнды нæ дзуапп раттæ а.х. экспертты кæнæ хицæн медиафæрæзты ахæлиугонд æнæраст информацийæ, цæвиттон Украина «БУК»-ы уæлдæфон иргъæфы системæтæ лæвар ратта Гуырдзыстонæн, кæцы раст нæу.
Фæнысангонд бирæмилуанджын балхæдæй «БУК»-ы системæ хъахъхъæнынады уагдонмæ лæвæрд уыд 2007 азы. Фæнысангонд, сусæг бадзырпдæй сыххæст ис, кæцыйы тыххæй цух стæм фылдæр деталы сконкрет кæныны фадатæй. Æхсæнадæн райхалдзыстæм, цæмæй афтæдæр дæсгай милуан доллар бафыста хъахъхъæнынады уагдон 2017 азы, АИШ-æй танкыныхмæ системæ «Джавелины» балхæнынæн.
Гуырдзыстон хъæддых дарддæр кæны Украинайæн гуманитарон æмæ политикон фарсдарын, цы фадæттæ йæм ис уыдонæй. Уый дырыс бæлвырдгæнæн у тоннагай æрвыст гуманитарони уæз æмæ сæ нымæцы, фæстагмæ премьер-министры инициативæйæ Украинайæн æлхæд æмæ æрвыст генератортæ.
Украинайы хæстæрмæг кæнæ дывæр нысаниуæгы фадæттæ алæвæрды тыххæй куы зæгъæм уæд, фæнысанго фарстайы фæдыл Гуырдзыстон хицауад æнæ иу хатт фехъусын кодта дырыс позицийы тыххæй» дзырдæуы хъахъхъæнынады министрады фидиуæны.
Гуырдзыстоны Украинайы хъуыддæгты рæстæгмæ æвджид лæг, Андрей Касьяновы статийы дзырдæуы: «Украина Гуырдзыстонæй 2008 азы хæсты рæстæджы лæвæрд «БУК»-ы системæты фæстæмæ æрыхдахын куырдта».