Хъахъхъæнынады министрад – æфсæддонтæ ирвæзынгæнджытимæ иумæ агурæн куыстытæ дарддæр кæнынц
Стихийы зонæйы агурæн куыстытæ дарддæр кæнынц. Хъахъъхæнынады министрады информацийæ, хъахъхъæнынады тыхты æфсæддон кусджытæ агурæн куыстытæ, цæугæдæтты –Риони æмæ Чъанчъахы донвæлдты æмæ сакъадахгомау фадгуыты æххæст кæнынц.
«Агуырды мадзæлтты эффективонзинад сбæрзонддæр кæныны нысанæн, националон гвардийы æфсæддæттæй, резервисттæй æмæ МХМ-ы уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты ирвазынгæнджытæй арызт 18 къорды Шовæй 54 км дæрддзæг территорийыл сты. Алы къорд, цыппар лæгы скондæй, 3 километрон дистанцийы цæугæдæтты донвæдты мониторинг æмæ агуырды операци æххæст кæны.
Агурæн-ирвæзынгæнæн мадзæлтты баст сты, куыд ныгуылæны сæрдарады 3-æм фистæг бригадæйы 31-æм батальоны, афтæма националон гвардийы æмæ логистикон ифтонгады сæрдарады æфсæддонтæ», – банысангонд у хъахъхъæнынады министрады информацийы.