Хъæу Хурвалеты, оккупацион хаххы цур уырыссаг æфсæддæттæ ног телæмбондтæ айтыгъдтой
Хъæу Хурвалеты, оккупацион хаххы цур ног телæмбондтæ фæзындис.
Фыццаг Къаналы журналисты информацийæ, ацы минутты уырыссаг æфсæддæттæ Хурвалеты æмæ ДЗукъаанткъарийы хъæуты æхсæн, оккупацион хаххы цур сты. Бынатыл Фыццаг Къанал куы фæзындис уый фæстæ, уыдон автомобилы фæстæ бамбæхстысты.
Бынæттонты фидиуæнæй, æртæ уырыссаг æфсæддон бынатыл сæумæрайсом бацыдысты æмæ æфсæйнаг телтæ Куджашвилиты цæхæрадоны айтыгъдтой. Сæ цæхæрадон оккупацигонд территоритыйы арæнгæрон у.
Бынæттонтæ дзурынц, цæмæй ног телæмбондты айтындзын уырыссаг æфсæддæттæ медийы æмæ полицийы разыныны фæстæ æрурæдтой. Цæрджытæ тæрсынц, ома уырыссаг æфсæддæттæ æмбондты аразын адарддæр кæндзысты.