Хъæды зынгсирвæзты тыххæй, Сидней ныммигъ ис. Уый фæдыл информаци хъусын кæны «ВВС».
Стыр Британийы Æхсæнадæон Уацхæссæджы хъусинагæй, уæвæг уавæрæй рацæуæгæйæ, бынæттон æнæнизхъахъхъæды уагдоны минæвæрттæ рагфæдзæхст ахæлиу кодтой, кæцы æмбæстæгтæн хъусын кæны уæлдæфы гъды фæфыддæр, растдæр уый тызххæй бæрæг регионты ркеомендацигонд у респиратортæ дарын. Австралийы сеппæтæй стырдæр горæт Сиднейы фондз милуаны онг адæймаг цæры.
«ВВС»-ы хъусинагæй аналогион уавæр ис Аделаидайы. Фæнысангонд сахар стихийы зонæмæ хæстæг у.
Австралийы хъæды масштабон зынгсирвæзтимæ нырид цалдæр къуыри у цы тох кæнынц. Стихийы амæттаг фесты æхсæз адæймаг. Бæрæг куыд у афтæмæй, зынгвæдисонтæн зынгсирвæзт ахуыссын кæнын не нтысы тынг тæвд бонты æмæ фидар уады тыххæй.