Кетеван Цихелашвили – Нæ цырд прогрессæй ратдзыстæм сеппæтæй эффектджын дзуапп оккупацийæн
Гуырдзыстоны территориты метргай ныппыскъуыл кæныны рæстæджы провокацион архæйдты нысан у дзыллæйы мидæг ныфссаст, эскалаци, дестабилизаци скæныны фæндон сæвзæрын кæнын æмæ мах уый ма хъуамæ æруадзæм,– уый фæдыл журналисттæн, фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министр Кетеван Цихелашвили райхъусын кодта Атъоцы хъæуы атйтынггонд фæзынддтыл ныхасы рæстæджы.
Министры аргълæвæрдæй, иугæндзон провокацитæ оккупацион тыхты æрдгæй, æндыгъддзинад саразыныл у нымад.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, растдæр уый тыххæй хъуамæ фæтыхджындæр уа бæстæ æмæ цæрджытæ, кæцытæ ййафынц зиан, уый нымæцы Атъоцы дæр.
«Паддзахад йæ хъус дары æмæ ноджы фылдæр хъусдардæй уыдзæн куыд Атъоцмæ, афтæ кæцыфæнды хъæумæ, кæцы у телтæй æмбондтæй фаст æмæ дих. Ацы адæмæн баххуыс кæндзыстæм, лигъдæттæн, конфликттæй зианбаййафджытæн. Нæ цырд прогрессæй ратдзыстæм архайадон дзуапп оккупацийæн. Кæд провокацион архæйдтытæн исты нысан ис, Гуырдызстоны территориты дих кæныны рæстæджы, уæд уый у дзыллæйы мидæг ныфссаст, эскалаци, дестабилизаци скæныны фæндон сæвзæрын кæнын æмæ мах уый ма хъуамæ æруадзæм. Гæнæн ис уый бирæ не æмбары, кæнæ та æмбары фæлæ нын уæддæр хъуыддагы тыххæй кой кæнынц, уый Гуырдызстоны хицауад нæ бауадздзæн», – райхъусын кодта Кетеван Цихелашвили.
Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министрмæ парламенты комитеты иугонд рабадтыл æхгæд режимы хъусынц.
Атъоцы хæъуы территорийыл, 150-ы онг цæджындз оккупацион режимы минæвæрттæ, зæхæн ис иу къуырийы размæ ныссагъдтой. Дыууæ боны размæ та, æмбонды аразын райдыдтой. Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министры аппараты информацийæ, фактыл зæгъгæ, информиргонд у æхсæнадæмон æмгарад, фæактивон кодтой тæвд хахх дæр.
Афтæма оккупацион режимы минæвæрттæ, Атъоцы хъæуы цур, оккупацион хаххгæрон куыстытæ абон не сног кодтой.